en
Feedback
Цӕра

Цӕра

Open in Telegram
367
Subscribers
-124 hours
+27 days
+230 days
Posts Archive
Мæ уарзондæр фысджытæй иу у чехаг фыссæг Карел Чапек. Исчи зæгъдзæн: «Кæм сты лыстæг зулкъ — чехæгтæ, кæм — литературæ!» Æмæ фæрæдийдзæн. Гашеччы Швейчы бирæтæ зонынц. Кафкæ дæр, æппынфæстаг, Прагæйы цард. Фæлæ сæйрагдæр уый у, æмæ Чехи бирæ æнусты дæргъы уыдис немыцагæвзагон дунейы хай, æмæ уый чехæгтыл ныууагъта бæзджын культурон тæлмæн. Дæлдæр Карелы радзырд «Фæдтæ»-йы ирон тæлмац. Йæ радзырдты æмбырдгонд «Иу дзыппæй радзырдтæ» кæмæ бахауа, уый йæ æнæмæнгæй бакæсæд — тынг цымыдисаг у. P.S. Уымæй уæлдай ма Чапек æхсæнадæмон дзырд «робот» æрхъуыды кодта. https://telegra.ph/F%C3%A6dt%C3%A6-Karel-CHapek-03-24

Нырыккон ирон æвзаджы æхсæнадæмон «лайк»-ы бæсты ныффидар нæхи бынæттон «тынг у». Ацы «тынг у» райгуырд Вячеслав Ивановы цæст
Нырыккон ирон æвзаджы æхсæнадæмон «лайк»-ы бæсты ныффидар нæхи бынæттон «тынг у». Ацы «тынг у» райгуырд Вячеслав Ивановы цæстдарды руажды «ВКонтакте»-йы интерфейс иронмæ тæлмац куы чындæуыд, уыцы заманы райдайæнты. Хъуыды та йæ («тынг у», ома) æркодта Кудзаты Аслан. Фæлæ «лайк» уырыссагæвзагон metaдунемæ куы раласæм, æмæ йын уым цалдæр алхимикон metaмjрфозæйы куы бавзарын кæнæм («лайк»→«нравится»→«сердечко»), уæд ма рауайгæ фæстиуæгæн дæр нæ бон у ирон аналог æрхæссын. Æмæ «лайк»-æн дыккаг ирон термин ссарын. «Сердечко» иронау у «зæрдтаг» кæнæ «зæрддаг». Дыууæ хуызы дæр æмсæр æмбæлынц литературæйы, æмæ дзы кæцы растдæр у, мæгъа. Æппынфæстаг «лайк»-æн кæд нæ бабæзза, уæддæр ын йæ æнæуый рæвдауæн мидисæй пайда кæн, мæ хæлар. Зæгъæм «мæ гыццыл сердечкæ..» нæ, фæлæ «мæ гыццыл зæрддаг..» P.S. Æрмæст æй «зæддаг» æмæ «мæрдтаг»-имæ ма фæхæццæ кæн!XD

— Фæлæуу! — рохстæй сирвæзт Муми-тролæй. Бабырыд фынггондмæ æмæ йæм ныртæккæ дæр ма чи каст, уымæ æддæмæ сабыргай къухæй фæси
— Фæлæуу! — рохстæй сирвæзт Муми-тролæй. Бабырыд фынггондмæ æмæ йæм ныртæккæ дæр ма чи каст, уымæ æддæмæ сабыргай къухæй фæсидт[поманил]. — Рахиз, рахиз. Ма тæрс! Хæларзæрдæ дæн. Фæстæмæ раздæх… Фæлæ цъæлгæнæн фынггонды бын чи цард, уый нал зынд. Муми-трол астæрдыл[пол, покрытие] равæрдта къæр-къæргæнаг гуылгæндтæй[хлебцы] цалдæр, стæй тæбæгъы мæцкъуыйы[брусника] лæмарæнæй[сок, выжимка] æркодта. Уый фæстæ уазæгдонмæ[гостиная] раздæхт. Уым ын урсдзæнхъа[хрустальный] люстрæйы æвгтæ сабыр æнкъардæй адзæгъ-дзæгъ кодтой. — Уæдæ цæуын! — карзæй загъта Муми-трол урсдзæнхъа[хрустальный] люстрæйæн. — Стыхстæн уæ! Ныр мæ ных сараздзынæн хуссармæ. Уым хъуамæ Снусмумрикыл фæмбæлон. Афæлвæрдта æддаг дуар бакæнын, фæлæ уый йæ тарвазмæ[косяк] фидар ныссалд.

«ФИСТСÆР» Йæ фидар нысаниуæг, стæй, мæнмæ гæсгæ, иу бæззгæ вариаци.

Инициатива не в меру одарённого губернатора КуZбасса вроде бы должна была сподвигнуть наших ренегатов кириллицы любителей лат
Инициатива не в меру одарённого губернатора КуZбасса вроде бы должна была сподвигнуть наших ренегатов кириллицы любителей латиницы на высказывание. Вон, мол, оно как!, а нам бы тогда в осетинском хоть две буквы на латинские заменить. Для начала. Исключительно (да-да, ага) из-за бо́льшего удобства. Но теперь одни из них постят майоров и генералов, а другие шепчут в подушку "aftæ mæ bærgæ næ fændyd!" Кириллица вполне себе, гайз. Даже Пётр Грифинов за.

«Миниджек-мæ уæм фæлдзæуæг нæй?» «фæлдзǽуæг» — «переходник». Ацы фæлдзæуæны рæстæг фæуæд, æмæ нæ тухитæ фæстейы баззайæнт!
«Миниджек-мæ уæм фæлдзæуæг нæй?» «фæлдзǽуæг» — «переходник». Ацы фæлдзæуæны рæстæг фæуæд, æмæ нæ тухитæ фæстейы баззайæнт!

Коротко о моих способностях лингвиста;) P.S. Гӕлдӕр - пузо, брюхо

Артӕнтӕ

«ТУХ̇» Францусаг хæринаггæнæг шеф Вивьен йæ сæрмагонд Ютупп-каналыл сывæлдæгджын(слоёный) хуыссæйы кой кæнгæ спайда кодта дзырд «ТУХ»-æй. Цавæр ирон дзырды æнгæс дæм кæсы? Хæринаггæнæг у гаскойнаг — ома Франц æмæ Испанийы арæныл хæххон провинци Гасконы байзæдтаг. Видеойы оригинал: https://www.youtube.com/watch?v=1taVGUWfnQc

ÆМБОЙНЫ ——— Литературон цæвиттонтæ: «Дзӕвгар сӕргуыбырӕй абадти, стӕй ӕмбойны фездӕхт» Айларты Измаил, «Мамысоны æфцæгыл» «Мӕхӕдӕг мӕхиуыл мӕлын дисӕй, уӕдӕ нӕ мӕлын: куыд ӕмбойны мӕ ӕрбайрох, мӕ бӕх фыдвӕллад кӕй у, уый?!» Гусалты Барис, «Рӕсӕн: Уацмыстӕ»

[?] иронау\дыгуронау куыд зæгъис?
[?] иронау\дыгуронау куыд зæгъис?

СÆМÆН ——— «сæмæн» — «ось» ——— «Сомихæй диссаджы аслам Хёндай æртардтон, æмæ дын дыккаг бон йæ фæстаг сæмæн дыууæ дихы куы æрбаиуд!» Литературон дæнцæг: «Сӕмӕн сӕрст куы уа, уӕд цалх хъинц нӕ кӕны.» «Хурхӕтӕны» Ӕгъуызарты Ӕхсарбег

Ивгъуыд æнусы 60-йæм æзты нæ литературæйы цы ног «уылæн» фæзынд, уымæн Малиты Васо хауы йæ ирддæр минæвæрттæм. Ацы рауагъды æвзарæм фыссæджы хъуыстгонд «Гуйман»-ы. Ацы уацмысы Васо афыссы сæйраг хъайтар колхозы сæрдары рухс ном куыд фæхудинаг кодта, уый. Дæхæдæг æй æмбарыс, мæ хæлар, ахæм сюжет советон литературæйæн типикон кæй нæ уыд;) https://www.youtube.com/watch?v=2ep5EGLdTR4&t=28s ——— Чиныг ис равгæнæн элетронон библиотекæ «Бæрзæфцæг»-æй мæнæ ацы æрвитæныл: https://vk.cc/ca1E9p ——— *ТÆНЗÆРДÆ: «...афтæ фидауы нæлгоймагыл дæр йæ тæнзæрдæ» *ЦЪÆТДЖЫН: «Фæлæ трагикон хæкъуырццы бæсты райхъуыст цъæтджын сынтæджы хъыс-хъыс» *ТЕНКА: «Хъæццулы бынæй ма йæ сæры тенка зыны» *АРТÆНСКЪУЫДТÆ: «Артæнскъуыдтæ кæны фырхудæгæй» *КЪАЛА: «Нæ, йæхи цæсты къала бæлас ма уына æмæ искæй цæсты æрдумæ амона — Гуйманы ахæмæй нæ зонын» *БЫДЗÆУ: «Айдæнæй мæм, быдзæуы хуызæн, хæлиудзыхæй касти агрофачы фыццаг курсы студент» *ХИХСÆН: «Артæфтыд агъуыстæй лидзæгау разгъордтой хихсæнæй» *АУУОНДАР: «Заретæ мæм æдзынæг кæсы урс къуымбилы ставд æндахæй быд пæлæхсар худы чысыл аууондары бынæй» *ЧЫРС: «Скастæн хæрдмæ — акъациты хихтæй чырс кæлы æвзист лæхурæгæй» *ИРДГÆ: «Изæрон уазал ирдгæ нæм хæрзæггурæггаг фæци» *ÆНÆЛАЗ: «Йæ зæнгтæ нывыл ставд, раст, æнæлаз» *АГЪУЫД: «— Цæй агъуыд у!»

Ивгъуыд æнусы 60-йæм æзты нæ литературæйы цы ног «уылæн» фæзынд, уымæн Малиты Васо хауй йæ ирддæр минæвæрттæм. Ацы рауагъды æвзарæм фыссæджы хъуыстгонд «Гуйман»-ы. Ацы уацмысы Васо афыссы сæйраг хъайтар колхозы сæрдары рухс ном куыд фæхудинаг кодта, уый. Дæхæдæг æй æмбарыс, мæ хæлар, ахæм сюжет советон литературæйæн типикон кæй нæ уыд;) https://www.youtube.com/watch?v=2ep5EGLdTR4&t=28s *ТÆНЗÆРДÆ: «...афтæ фидауы нæлгоймагыл дæр йæ тæнзæрдæ» *ЦЪÆТДЖЫН: «Фæлæ трагикон хæкъуырццы бæсты райхъуыст цъæтджын сынтæджы хъыс-хъыс» *ТЕНКА: «Хъæццулы бынæй ма йæ сæры тенка зыны» *АРТÆНСКЪУЫДТÆ: «Артæнскъуыдтæ кæны фырхудæгæй» *КЪАЛА: «Нæ, йæхи цæсты къала бæлас ма уына æмæ искæй цæсты æрдумæ амона — Гуйманы ахæмæй нæ зонын» *БЫДЗÆУ: «Айдæнæй мæм, быдзæуы хуызæн, хæлиудзыхæй касти агрофачы фыццаг курсы студент» *ХИХСÆН: «Артæфтыд агъуыстæй лидзæгау разгъордтой хихсæнæй» *АУУОНДАР: «Заретæ мæм æдзынæг кæсы урс къуымбилы ставд æндахæй быд пæлæхсар худы чысыл аууондары бынæй» *ЧЫРС: «Скастæн хæрдмæ — акъациты хихтæй чырс кæлы æвзист лæхурæгæй» *ИРДГÆ: «Изæрон уазал ирдгæ нæм хæрзæггурæггаг фæци» *ÆНÆЛАЗ: «Йæ зæнгтæ нывыл ставд, раст, æнæлаз» *АГЪУЫД: «— Цæй агъуыд у!» Чиныг ис равгæнæн элетронон библиотекæ «Бæрзæфцæг»-æй мæнæ ацы æрвитæныл — https://vk.cc/ca1E9p

​​#3 Муми-трол æмæ зымæг(тæмæссаг зымæг) Бирæ фæхъуыста Муми-трол алфæмблæйттæм йæ хъустæ схъилгæнгæ. Стæй æхсæвон цырагъ ссыгъта æмæ Снусмумрикы уалдзыгон фыстæг(письмо) бакæсынæввонгӕй æнæстыфæй(бесшумно) къамодмӕ бахъуызыд. Ацы фыстæг уыд Снусмумрикы иннæ уалдзыгон фыстæджыты халдих(копия). Октябры, хуссармæ ацæуыны размæ, Муми-тролæн ахæм фыстæджытæ æдзух уагъта. Уæлейæ, дынджыр тымбыл дамгъæтæй амынд уыд: «Салам!» Фыстæг йæхæдæг хæрзцыбыр рауад: «Фынæй кæн æмæ ма тыхс. Фыццаг хъарм уалдзыгон боны дæм æрбаздæхдзынæн. Æнхъæлмæ кæс æмæ иумæ ауæзт(запруда) сараздзыстæм. Снусмумрик» Муми-трол фыстæг уал хатты бакаст æмæ æпынфæстаг сæххормаг. Араст цæлгæнæнмæ(кухня). Кухнæ дæр цыма цалдæр миляйы зæххы бын уыд, ахæм æнгæс райста. Æнахуыр сыгъдæг, æфснайд æмæ афтид уыдис. Къæбицы дæр ницы разынд. Муми-тролы къухты бафтыд æрмæст æнхъизын чи райдыдта, ахæм мæцкъуыйы(брусника) лæмæрсты(сок) авг æмæ рыгæндзæвд къæр-къæраг карст къæбæрты тыхтоны(пакет, свёрток) ‘рдæг. Муми-трол стъолы бынмæ бабырыд æмæ хæргæ-хæрын Снусмумричы фыстæг фæлхатыныл(повторять) фæцалх. Стæй йæхи фæсонтыл æруагъта æмæ стъолы тъæпæнæгмæ бынæй фидаргонд хъæдын фæлындæнтæм(украшения) нымдзаст(уставился). Бæстæ уыд æнæсым(безмолвный). — «Салам!», — æваст схауд Муми-тролæй Снусмумричы фыстæджы фыццаг рæнхъ æмæ дарддæр къæр-къæр кæны: — «Фынæй кæн æмæ ма тыхс. Фыццаг хъарм уалдзыгон бон...» — ам хъæрдæрæй райдыдта æмæ дын фæстагмæ йæ хъæлæсы дзаг куы ныззарид: — «Дæм æрбадæхдзынæн! Æз дæм æрбаздæхдзынæн! Æмæ æрлæуудзæн уалдзæг, æмæ уыдзæнис хъарм, æмæ дæм æз æрбаздæхдзынæн, æмæ дæм æрбаздæхдзынæн… æз... æрбаздæхдзынæн иудадзыг(постоянно) æмæ æдзухмæ!..» Муми-тролæн æвиппайды йæ зард æрбаскъуыд. Цæлгæнæн фынггонды(столик) бынæй йæм ныккастысты кæйдæр гыццыл цæстытæ.

СЫНТ Дзырд «сынт»-æн не ‘взаджы ис дыууæ нысаниуæджы. Иннæйы тыххæй аныхас кæндзыстæм æндæр хатт, абон та нысаниуæг «ворон».
СЫНТ Дзырд «сынт»-æн не ‘взаджы ис дыууæ нысаниуæджы. Иннæйы тыххæй аныхас кæндзыстæм æндæр хатт, абон та нысаниуæг «ворон». Ам ма зæгъын хъæуы, сынт æмæ халоны арæх кæй хæццæ кæнынц. Афтæмæй та æндæр æмæ æндæр мæргътæ сты. ——— Дæнцæджытæ-цæвиттæттæ;): «Сынт сауӕрдиаг гӕнгӕ ӕрбацыди Сосланмӕ. — Алы бӕсты нӕ холы гӕнӕг, цытӕ кӕндзыстӕм, цӕмӕй ма цӕрдзыстӕм!» Нарты кадджытӕ. Ирон адӕмы эпос. 2 чиныг, 2005 аз ——— «Ӕрцарди булӕмӕргъы бӕсты Дӕуӕн дӕ сау зӕрдӕйы сынт.» «Зонд ӕмӕ амонд», Дзасохты Музафер

БУАРГЪÆД — «— Цавæр буаргъæдты бын уыд уыцы ӕнаккаг? — «Лирикæ». Ды та? — Тæвд арахъ æмæ къуыдырфых дзидза!» — Литературон дæнцтæ: «Фӕткъуыйы цы буаргъӕд ис, пектин, зӕгъгӕ, уый къаддӕр кӕны сӕкӕр ӕмӕ холестерин.» Мах Дуг — «Хъӕздгуытӕ ӕмӕ хицауад, хицауад ӕмӕ хъӕздгуытӕ сиу сты, иу хӕдон дӕр сын уӕрӕх у, иу буаргъӕд сӕ рауад.» «Темыры кӕстӕр чызг», Агънаты Гӕстӕн

ÆЛГЪÆД — «Гыццылæй мын мама сгущёнкæйы къопп нæ лæвæрдта. Сабатизæрмæ, дам, медовик кæндзынæн! Æз сгущёнкæ адавтон, дыууæ раны йын йæ сæр кардæй фæхуынчъытæ кодтон, æмæ йæ æрдæгмæ куы бацъырдтон, уæд дзы афтæ [СÆЛГЪÆД] дæн, æмæ йын зæгъæн дæр нæй! — Мама, борщ мæ хъæуы! — Ацу æмæ дæ сгущёнкæ дарддæр хæр, æнаккаг боны гуырд!» ——— Литературон дæнц: «Йӕ ад дӕр уӕдӕ, ӕлгъӕд кӕмӕй нӕ кӕныс, ахӕм сатӕг мыд.» «И воздастся каждому» Гусалов Б.М.

Иронау куыд «фæ‘рычать» кæныс, мæ хæлар? Ы?
Иронау куыд «фæ‘рычать» кæныс, мæ хæлар? Ы?

#2 «Муми-троль æмæ зымæг(тæмæссаг зымæг)» «Кæд мама нæ райхъал, уæд иннæты бынтон ницы хуызы растын кæндзынæн» — ахъуыды кодта Муми-троль. Æнæсымæй(беззвучно) хъеллау кæнын систа æваст æнахуыр чи фестад, уыцы хъæдзары къуымты. Сахæттæ сæ цыдæй рагæй ныллæууыдысты æмæ æппæт дзаумæттыл тæнæг фæлтæрæй(слой) рыг лæзæрыд. Уазæгдоны(гостиная) фынгыл фæззæгæй баззад хъæрхуыпцымæн тæбæгъ, йæ мидæг — назы(ель) хихты уæлдæйттæ(остатки). Уæлейы, цары бын, йæ тюлон уæлæдарæсы сабыр зæлланджытæ кодта урсдзæнхъа(хрустальный) люстрæ. Æвиппайды Муми-троль æрлæууыд мæйы рухс кæдæм нæ хæццæ кодта ахæм хъарм, талынг къуымы æмæ дзы тас(страх) бацыд. Æваст йæхи диссаджы иунæг æмæ иппæрдæй(разлучённый) банкъардта(ощутил). Йæ дуне æрбацыдæр! —Мама̀! Райхъал у! — фæхъæр кодта Муми-троль æмæ мады хъæццул раивæзта. Фæлæ уый нæ райхъал. Сæрды бонтæ цы фынты уыдта, уыдон тыхстдæр æмæ æнкъарддæр фестадысты, фæлæ йæм райхъалы тых не ‘рцыд. Муми-троль йæ мады хуыссæны цур къахдзарыл(коврик) стымбылтæ ис. Хæдзары æдте та, раздæрау, лæууыд уыцы иугъæдон(однообразный) даргъ, зымæгон æхсæв. Бонивайæнты(рассвет) хæдзары сæр цы уæззау митын хъæпæн сæмбырд, уый æвиппайды базмæлыд. Цадæггай дæлæмæ лæсынтæ(сползать) райдыдта æмæ дын уæд цары кæронæй куы рахауид æмæ зæххыл йæ фæлмæн тъæпп фæцыд. Ныр хæдзары æппæт рудзгуытæ миты бын фегуырдысты æмæ ныр ихын нывæфтыд æвгтыл рухс мидæмæ цыд æрмæст иу лæмæгъ тæлмæй. Уазæгдон ноджы тынгдæр сæнахуыр, цыма кæмдæр зæххы бын нымæхст æрцыд, уый хуызæн