367
Subscribers
-124 hours
+27 days
+230 days
Posts Archive
367
Дрел мæ къухты, афтæмæй лæсгæрасиныл æрцыдтæн лæсгæрагур. фæлæ — мараз ма! — иу дæр дзы разына!
367
ЦЪÆПО
vsЦЪЫЛЫНÆГ
Нывгæнæг цæмæй архайы? Сахъ майоры парадон уæлæдарæсы эполетæй уæхскмæ цы æрхауы? Ахорæг къултæ цæгъдгæйæ чъыры цы фæтулы? Цыбырдæрæй «кисть» (кæнæ «кисточка») иронау\дыгуронау куыд зæгъгæ сты?
Æндæр хæттытæй хъауджыдæр{в отличии] ацы хатт нæ бон равзарын у. Ироны фылдæр пайдачындæуы «цылынæг»-æй, дыгуроны — «цъæпо»-йæ. Фæлæ иронæвзагон автортæй дæр чидæртæ пайда кодтой «цъæпо»-йæ; зæгъæм Цæрукъаты Алыксандр æмæ Дзабаты-Къесаонти Таисæ.
———
Литературон дæнцæгтæ:
ЦЪÆПО
«Æ еу къохи — тумбул мæйæ, Иннæ къохи ба цъæпо...»
Бабочити Руслан«Кассио: Уой дæр цæхæн! Бæсти рæсугъд. Ци сфæлдиста æ буни Хуцау, уонæн сæ фарнæ, сæ изæд — Цъæпо йе сес не скæндзæй уæхæн нивæ.»
«Отелло», тæлмацгæнæг Малиты Васо——— ЦЪЫЛЫНÆГ: «Йæ хоимæ уый дæр нæ Хетæджы фарнæй Йæ арммæ куы систа нывгæнæн цъылынæг. Йæ бæсты йæ фæлгондз ныууагъта йæ армæй»
Асаты Реуаз«Нывгæнæг Бочи та йæ иу къухы, цы чиныджы цъар арæзта, уый, иннæ къухы ахорæнæй змæст цъылынæг, афтæмæй рацæйдугъ кодта..»
«Урс изæртæ», Хуыгаты С.367
ÆВЗÆН
————
«Бæргæ тхэквондомæ дæр цыдтæн! Брюс Лийы кинотæм дæр цас фæкасттæн!.. Фæлæ мыл
Дружбæйы уыцы æнаккæгтæ æвзæнау куы атымбыл сты, уæд ма мысты хуынкъ туманæй агуырдтон!»
———
Литературон дæнцæгтæ:
«Йӕхи мидӕг ӕнахуыр
гуыв-гуыв кодта, цыма дзы кӕмдӕр рӕбынӕй мыдыбындзыты ӕвзӕн уыд.»
«Нарты Фарнӕг» Хуыгаты Сергей——— «Кюижи: Цы публикæ у, и?! Кристиан: Бæз-бæз кæны... Æвзæн!»
«Сирано де Бержерак», Джыккайты Шамилы тæлмац367
«Йæ звæд нæ уадзы! 1-æм январы, сæумæцъыккæй, арахъхъы графин æмæ оливьейы тасимæ араст вæййы Сабырдзинады проспектмæ. Уым Городовойы дурнывæн хорз бадары æмæ æппынфæстаг «Ура!» хъæр кæнын райдайынц. Городовой дæр!»
367
«Бæлццонæн — хæлцон»
Пословицы; Айларов И., Гаджинова Р., Кцоева Р. 2005
«Йæ роныл чъисса баст, хæлцон,
Æд уаргъ, æд уисæйттæ — йæ хæрæг,
Цыма зæронд дугæй бæлццон,
Къостайы аргъæутты лæскъдзæрæг...»
Цæрукъаты Алыксандр
367
Туве Янссоны Муми-троллты циклӕй уацау «Волшебная зима»-йы тӕлмацы 1-аг хай.
https://telegra.ph/T%C3%A6m%C3%A6ssag-zym%C3%A6g-12-26
367
Боциты Бароны хъуыстгонд уацау «Саст рæхыс» нымад у фыссæджы сæйрагдæр сфæлдыстадон æнтыстыл. Бароны нуарджын æвзагæй цалдæр цымыдисаг дæнцæджы æрхастам ацы рауагъды.
*ХЪАУГЪА: «Уæддæр кæрæдзиимæ куы фæхъаугъа вæййынц...»
*ÆЛГЪÆД: «Уæд иунæг комдзаг дæр лæджы зæрдæ балгъæд кæнид»
*ФИСТСÆР: «Уый уыдис тымбылдзæсгом, рæстæмбис ас, сауцæст, мыдхуыз фистсæр лæппу»
*ХÆРВ: «Калм йæ хæрв куыд феппары…»
*КЪÆМБЫР: «Уæд ныххызт къæмбыры бын аууонмæ…»
*ХЪÆЛЗÆНГ: «Афтæ та хъæлзæнгæй арастис фосы разæй»
*МÆЙДАР: «Къæвда дæр фæсабыр, фæлæ ахæм мæйдар уыдис, æмæ...»
*КУЛ: «Сывæллæттæ, раздæр-иу уынгты къæвда донæй култæ чи кодта…»
*АСÆСТ: «Сау асæстытæ кæмтты сæхи бынноз æристой»
https://www.youtube.com/watch?v=1_rIMjQIeoY
Чиныг «Саст рæхыс» ис равгæнæн электронон библиотекæ «Бæрзæфцæг»-æй: https://vk.cc/c8FnEn
367
Ног аз хъӕугӕ дзырдтӕ ӕазагмӕ раздахӕд!;)
Бирӕтӕ ма "ель" "заз" хонынц. Уый бынтон раст нӕу, "заз" амоны "тис", "негной-дерево". Литературӕйы ма "заз" фӕзӕгъынц ӕдзухцӕх хуссайраг зайӕгойтӕй, суанг пальмӕйӕ дӕр!;)
367
Афтӕ хъуамӕ кусид дзырдарӕзт; йӕхигъӕдӕй, кӕнӕ терминологион къамисы ӕххуысӕй.
Фыццаг дыууӕ пункты дзырдуӕтты сты. "Слухӕг" дӕр, фӕлӕ ӕбӕрӕг нысанимӕ - орфографион дзырдуаты.
367
«абузæн» — «скважина»
Геополитические реалии 1924 года в тексте из 24 номера газеты «Хурзæрин», начавшей выходить 1 января того же года.
367
Нæ мигъæй цæмæн хъазæм? Ацы дзырд, мæгуырæг, йæ зæххон куыст тынг хорз кæны. Æмæ ма йæ уæлæрвтæм уæлæмх́асæн[дополнительный] куыстмæ цæмæн стардтам?
Афтæмæй ацы дыууæ магусайы та; «æврагъ» æмæ «асæст», уазал доны къух нæ тулынц! Улæфынц!
Уимæ æрмæст «асæст» куыд хъомысджын(сильный, могущественный) у! Номдар, миногон æмæ фæрсдзырды формæты йæ хуыз нæ ивы, «асæст»-æй баззайы. Фæлæ, контекстмæ гæсгæ, æндæр æмæ æндæр нысаниуæджы(значение):
асæст[номдар] - облако
асæст[миногон] - облачный
асæст[фæрсдзырд] - пасмурно
«Республикæйы асæст(фæрсдзырд), ранæй-рæтты уардзæн...»
литературон дæнцтæ:
«Сау асæстытæ кæмтты сæхи бынноз æристой æмæ, цыма уæлдæфы ленк кодтой, уыйау кæрæдзи фæстæ æнкъардæй цыдысты хурыскæсæнырдæм.»
Боциты Барон, «Саст рæхыс».
«Хуры зӕрин тын арвыл куы сӕмбӕлд,
Уым сырх дарийау ӕврагъ куы хъазыд,»
Нарты кадджытӕ. Ирон адӕмы эпос. 6-ӕм чиныг 1900–1950
367
«Давæг» «хуыснæгæй» цæмæй хицæн кæны? Цал тракторы адавта Æлдараты Æлдар, стӕй Къоста кæй баййæфта æнæгъдау хъуыддæгтæ кæнгæ?
367
Ацы дзырд, ома «æнкъарæн», æвзаг тынг фæнывыл кæны. Дзырдæн зæгъæм, искæмæн йæ зонгæ æрбарынчын. Æмæ фæрсгæйæ фылдæр хатт афтæ фæзæгъы: — «Дæхи куыд... чувствовать кæныс?»
Дзырд «æнкъарæн» йæ лексиконы кæмæн ис, уый та: — «Дæхи куыд æнкъарыс?»
[чувства — æнкъарæнтæ]
[чувствовал — æнкъардтон]
[чувствительный — æнкъ̀араг]
дæнцæг:
(иу богал иннæйы «скандрбег»-æй абырсгæ)
— Нæ дæ банкъардтон, мæ хæлар!
литературон дæнцæг:
«Нӕ йӕ зонын мӕхӕдӕг дӕр, ацы ӕнкъарӕн мӕм цӕмӕн фӕзынди, цы бындур ын ис, уый.»
Гусалты Б. «Рæсæн:Уацмыстæ»
367
Афганистаны уавæр... фæйед!
Цавæр дзырдæй ис спайда кæнын ֲæдзухы къæрмæг(затычка) «йæд»-ы бæсты?
ÆНДЫГЪД — напряженный
[дæнцæг]
(стилон къуындæг хæлафджын æрдæгпокер — цы джибур æм кæсы, уымæн)
— Цыдæр æндыгъд кæстытæ мæм кæныс!?
— Дæ сæры фарсæн дын иу гæрах авæр! Сылкъи дæ, æви цы дæ?
[литературон дæнцæг]
«Кӕронмӕ ӕлхъывд, цыбыр хъуыдыйӕдтӕ, фӕлӕ дуджы ӕндыгъд уавӕрӕй йемыдзаг».
«Чиныг — царды айдӕн». Ӕлборты Хадзы-Умар.
367
(Лæг фæткъуыйыл секаторæй балæууыд)
— Уалдзæг, бæлæстæ ‘хсæдыны рæстæг!
(Йæ сыхаг, бынæттон Мичурин, кауы сæрты)
— Фæткъуыйыл къуыпа куы нал ныууагътай, былиад чи дæ, уый!
КЪУЫПА — почка растения
Литературон дæнцæг:
«Къуыпа нӕма райхӕлд ӕмӕ, чи зоны, сзайой», — нымадта йӕхинымӕр...»
«Сырдоны цæссыгтæ», Джусойты Нафи
367
«— Æвæрццæг момент — тынг ныкъкъайф кодтон мæ гуырæнбоны!
— Æппæрцæг та?
— Фынддæс цъæх мины бахардз кодтон казино, блэкджек æмæ гаццатыл...»
Æвæрццæг æппæрцæгæй куыд ис æнцон рахицæн кæнын, уый тыххæй ацы фрагмент.
367
Сиукъаты Никъалайы «Дун-дуне нæ алфæмблай» — иронау фыст зонадон чинджыты замманай дæнцæг. Иугыццыл чиныджы æмæ йæ ратæдзæны историйы тыххæй.
Чиныг равгæнæн ис ардыгæй: https://vk.cc/c8CDUH
