367
Subscribers
-124 hours
+27 days
+230 days
Posts Archive
367
«Сæрибардзинад, Санчо, у уæларв адæмыл чи тауы, уыцы рæдæуттæн сæ зынаргъдæр; ницавæр хæзна абардзынæ йемæ: нæдæр зæххы тары æмбæхст, нæдæр дæнджызы арфы æфснайд. Сæрибары æмæ цæсгомы руаджы ис æмæ хъæуы цард уæлдай кæнын, æмæ, уымæй хъауыджыдæр, æнæбар у адæймагыл цы фыдæхтæ сæмбæлы, уыдонæн сæ карздæр».
«Цыргъзонд идальго Дон Кихот Ламанчаг»
367
«Рæхджы бон а лæг рамæлдзæн - тæрсын.
Мæ сынты уæлхъус ралæудзæн, тæрсын,
мæ фыдызнаг. Ысуадздзæн, гъæйтт! - тæрсын,
йæ гæды ’взаг: ыстаудзæн мæ, тæрсын,
йæхи мæ хъонахъ хондзæни, тæрсын,
ирон дзыллæ нæ зондзæни, тæрсын,
мæныл кæй уыди даугæнæг, тæрсын,
ныр мын ыссис æгъдаугæнæг, тæрсын...»
Хъодзаты Æхсар, 2006.19.07.
367
Хъазиты Мелитон, «Къоста»
*ФЫССЫНАД: «Нæ ирон адæм фыссынад куы райстам, ахуыр адæм æмæ нæм ахуыргæндтæ куы рахъомыл сты»
*СÆРФАТ: «Æрмæстдæр уыцы «сæрфат» агургæйæ суыдаид йæ адæмы сæрхъуызой»
*ФÆТÆГ: «Царды дæр æмæ нын монон хъуыды кæнынады дæр уыд æмæ у фæтæджы хуызæн.»
*РÆМОН: «Уым Хетæгæн рæмон бон Къоста райгуырд сæнарыл»
*ÆЛГЪИН: «Ирон лæг, удæгас адæймаг цыфæнды зæд куы феста, уæддæр уый тыххæй стыр дзырдтыл æлгъин у»
*ФИДИЙЫН: «Æмæ нæй фидийæн сæ арфæтæн æппын?»
*ФÆЛГÆТ: «Къостайы хуызæн поэттæ æмæ адæймæгтæн иу нацийы фæлгæттæ уынгæг сты»
*ЗГЪУЫД: «Уыдон, стæй æндæр поэтикон згъуыдтæ авторы æвæлтæрдзинадыл дзурæг сты»
https://www.youtube.com/watch?v=iAzcYHk4Y3g
367
Джыккайты Шамил, «Саст дзæнгæрæг»
*РÆДЗÆГЪДЫН: «Дæ урс сæрæй ныл фарны рухс рæдзæгъды»
*БÆЗНАГ: «Бæзнаг хъугæмттæ макуы суæнт зæрæстон»
*ÆРВЫГ: «Æрвыгау — ирд, рæууон ирдгæйау — сатæг»
*МÆТЫХ: «Ыскодтам сау мæтыхтæй гæс»
*ÆРГЪÆУ: «Зылдтæн æргъæу галуанты уæд»
*КЪОТЫР: «Ницы ис мæ армы, къотыр у мæгуыр»
*ÆРДЗÆ: «Æрвыстон æз æрдзæ азты фыдбонтæ»
*ХÆТОЙ: «Хæтой адæм — тызмæг æмæ хъуынсæр»
*ÆНДИДЗЫН: «Æндидздзæн уалдзæгмæ дæ базыр»
https://www.youtube.com/watch?v=glxV3Ou2cN0
367
Куыд хъуамæ ма нызгъæлдаид ахæм системæ? Гъа, удхортæ уыдысты, уый иу; уыдис æмæ ис фыддæр удхортæ дæр. Фæлæ зæрдæскъуыд уымæй фæдæн æмæ сæ удхордзинад сæхæдæг æмбаргæ дæр нæ кодтой, къаты удхордзинад сын уыд.
Фыссæг Даураты Дамирæн радзырдта цуанæтты хæдзарады директоры кæддæры хæдивæг Баситы Хъамболат:
«Афтæ та ног дзæнгæрæг — партийы обкомæй. Билар, дам, афтæ зæгьы: дæлæ уæм Мæскуыйæ дыууæ немыцаджы цуаны ссæуыиц, æмæ уæхи куыд æмбæлы, афтæ равдисут, нæ республикæйы нын ма фæхудинаг кæнут, Германы цæсты нæ ма бафтаут. Иу дзырдæй, алцыдæр нын æмбæрстгонд уыдис.
Арсы тыххæй мæ зæрдæ ницæмæ æхсайдта, уыйас дæр æй куы хъуыдаид, фæлæ-иу фæстаг рæстæг не ’мбырдты цуанæттæ цалдæр хатты бафиппайдтой, хъæдрæбынты, дам, ног уард митыл бирæгьы фæдтæ нал уынæм, æвæццæгæн, дам, уæллоз хохы сагты рагьыл бамбæлдысты æмæ сын æхсыд нæма фесты, науæд та, дам, дард æндæр ранмæ афардæг сты. Ууыл æз нæ баууæндыдтæн æмæ мæхæдæг бæрæггæнæг ацыдтæн, æнæ ницæмæй æрыздæхтæн.
Цы чындæуа? Нæ бæрнондзинад æмбæрстам, катай кодтам, нæ уазджыты ныхæстыл дарæм, нозтджын дæр ма сæ фæкодтам. Арсы мæтæй рæвдз схицæн стæм, немыцаг диссаджы дæсны цуанон разынд, зыбыгы иунæг æхстæн æй сфæлдæхта, йæ цуры йын дзуццæджы бадгæйæ
йæ къам дæр ма систам, уæртæ нæ альбомы дæр ис. Фæлæ бирæгь зынæг нæ уыдис, æмæ, кæйдæр загьдау, нæ быны дон куы бацыдис, уæд мæнæ цы æрхъуыды кодтам: нæ цуанæттæй иу, Зауырбег, горæты сæрмæ йæ сæрдыгон хæдзары бирæгъ дардта. Иу цалдæр азы размæ йæ лæппынæй бахаста, бафæлварон, дам, цымæ дзы цы рауаид, æрмахуыр кæны æви нæ.
Уæллæй, Дамир, сæрмахуыр ис, тынг æнувыд уыдысты кæрæдзиуыл, уым ма цы цæхæрадæттæ уыдис, уыдоны хицæуттæ та йæ куыдз æнхъæлдтой æмæ дзы тæрсыны кой нæ уыди. Гъемæ уæд уыцы Зауырбегмæ бауæндыдыстæм, дæ бирæгьы нын ратт, зæгьгæ, афтæ æмæ афтæ. Не сразы, цытæ, дам, дзурыс, мæ комы комдзæгтæй кæй фæхастон, уый мын топпы дзыхмæ куыд тæрыс.
Дзургæ нæ ныууагьта æмæ тæргайæ ацыд. Ууыл цалдæр минуты рацыд æмæ та нæм партийы обкомæй дзурынц, бирæгьы хабар, дам, куыд у. Куыд сæ асайдтаиккам? Зауырбеджы тыххæй дæр ын загътам. Æмæ уæд афтæ зæгьы, бауромут, дам-майæ, æз уæм фæцæуын.
Фæстейы асырдтой Зауырбеджы, машинæйæ йæ æрбаластой, обкомы лæг дæр æрбахæццæ. Цыппарæй нæхиуыл кабинет сæхгæдтам, æмæ дæ бауырнæд, Дамир, сахаты бæрц ын лæгъсгæ фæкодтам. Мæнæ мæнæн куыд загътой, афтæ та уымæн дæр: республикæ худинаг ма фæуæд, сæ дардæй уазæгæн иу гæвзыкк бирæгь ссарын сæ бон нæ баци, зæгьгæ, Билары искæй цæсты ма бафтауæм, ноджы уыцы рæстæг Германи æмæ нæ Цæдис кæрæдзимæ цæуылдæр фæхæрам сты, æмæ алы уыцырдыгон уазæгæн дæр лæгьстиаг стæм, стæй æппынвæстаг коммунист дæ, дæ дзыппы партион билет хæссыс, кæдæй-уæдæй дæ партийы обком цыдæр куры, дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр бирæгь, æллæх-æллæх, уагæр-ма æндæр исты куырдтаид...
Обкомы кусæг дын дзурын ма зона! Сразы Зауырбег, уæдæ ма цы акодтаид, йæ къух æм радта.
Дыккаг бон Зауырбег йæ бирæгъы, æнахуыр ном ын уыдис — Дурак, хъæды кæронмæ сласта, уым ын æхсæрбæласы бын дзидзайы къуылдых аппæрста, йæхæдæг йæхи æрдузмæ цæуæг скодта, стæй иннæ фæрсты рахъуызыди, абадт йæ машинæйы æмæ дæлæ горæты ’рдæм стырындз. Бирæгъ æй æрæджиау ауыдта, цы ахъуыды кодта, Хуыцау йæ зонæг, æррайау фæцис æмæ йæ фæстейы расырдта. Ныр мах та Зауырбеджы коммæ сцæйцыдыстæм, афтæ ныхасгонд уыдыстæм, нæ уазæг ницы æмбары, разæй шофыры фарсмæ бады. Бирæгъ ма дард уыдис фæстейы, фæлæ Зауырбег куыддæр нæ дæле фæци, афтæ æз ацамыдтон, зæгъын, уæлæ уыцы машинæйы бирæгъ æрсуры. Фæурæдтам, немыцаг йæ фæсонтæ капотмæ ацарæзта æмæ Дуракыл ралæууыд, уымæн уайтагъд йæ хъиу-хъиу ссыд, стæй фæфæлдæхт.
Ницы бамбæрста нæ уазæг, ницæуыл фæгуырысхо. Бастыгътой йын æй æмæ хуымæтæджы цин кодта. Уымæн дæр та йæ къам систам, иуцасдæры фæстæ йын æй йæ фæдыл арвыстам. Куы цыдысты, уæд сын ирон æгъдаумæ гæсгæ фынг сарæзтам, нуазæнтæ дæр ма сын радтам. Зауырбег дæр уым уыдис, уыцы æнкъардæй фæбадтис, стæй йын уазæг къуымæлдзæфæй йæхицæй куы раппæлыд, чи дæ расырдта, уыцы бирæгъы дæндæгтæй дæ æз фервæзын кодтон, зæгъгæ, уæд йæ зæрдæ суынгæг, абон дæр ма мæ цæстытыл уайынц, йæ цæссыгтæ куыд рахъардтой, уый.»
367
Ацы программӕйӕн бынӕттон "фӕстпродакшн" цӕттӕ кӕнгӕйӕ уацхӕссӕг араст горӕты уынгтӕм. Уым хъуамӕ фрагменттӕ ӕвдисгӕйӕ респондентты фарстаид, "ацы фидӕны программӕ дӕумӕ гӕсгӕ цӕй тыххӕй уыдзӕн", зӕгъгӕ. Стӕй уыцы сюжет равдыстой эфиры, фӕспродакшны" фӕлгӕты. Ӕмӕ дзы уыд цымыдисаг эпизод, уацхӕссӕг бацыд мӕздӕггаг хъуымыхъхъагмӕ, фӕлӕ уый уацхӕссӕг нӕ бамбӕрста. Хьызлайраг чызджы телефоны хӕхты ист "травэл" кадртӕм бакаст, ӕмӕ йын афтӕ: "я КАК бы из Осетии, но и не предполагал, что здесь есть такие места". Уыцы чысыл эпизод Уациллайы ӕрцьыккау алцыдӕр радта ӕрвирд контексты; программӕйы дӕр, телеуынады дӕр, туризмы дӕр, Мӕздӕджы хъуыддӕгты дӕр, Ирыстоны дӕр.
Программӕ у хорз, йӕ ном йедтӕмӕ) Ныр хъуымыхъхъаг дӕр хочет в Аланию, кӕд ӕмӕ нӕдӕр Аланийы, нӕдӕр Ирыстоны уӕвгӕ дӕр никуы уыд)
P.S. Ӕз шортыты фарсласӕг дӕн, мӕ хӕлар. Ды та?)
367
УАЗАЛ МАЙ
Фæсасти бон йæ астæуыл рæхджы;
Нæма дæр тæвд, нæма — йæ хъæстæ сатæг.
Æрæгуалдзæг йæ фистæгæй фæччы,
Уæзбынæй майы онг æрхæццæ цадæг.
Фæцæуы афон, уарынæй æфтыд
Бынтон ныррох кодта уымæлы дидин.
Лæхъир уынджы фæлæзæрин цъыфты
Лæхъир уды хæстæ ныффидин.
Кæм и сæрак? Кæм и æгуыппæг уарзт?
Кæм ис бæрзонд хъысмæт, лæууыны катай?
Æрмæст уынгон базархъарæг ныккаст
Куыд рахызтæн æскъуыд хæлафы уатæй.
Æмæ йын сомтæ-тумантæ хынцгæ
Йæ лæзæрд машинæйæ дзулы тула исын: —
«Хæрзаг», зæгъын, «дæ игæрæй мæрзгæ,
Фæцыдтæ цард, - уæддæр цъæхдзаст дæ мисын»
Куыд ницы стæм. Бæхсныг æмæ пъæззы,
Агуыридур, фæлтæмæн, хъис, сывæлдæг;
Мæгуырдзинад нæ хъугæмтты хъуызы
Къуымыхдзинад нæ уагдæтты фæцæрдæг.
26.05.2022367
Фæлæ ма ныр хи дæр куыд ирхæфсæм — бæстæйы цы уæззау хабæрттæ цæуы, уыдоны рæстæг ма цæй ирхæфсæнтæ ис? Уымæ гæсгæ мæ къордты дæр зивæг кæнын ног æрмæг æфтауынмæ. Кæд ма зæронд æвæрæнтæм бавналон, æндæр. Æмæ дзы иу — хъæлдзæгдæр рæстæджы фыст радзырд «Тæккæ центрмæ» æвæрын абон — нæ мæгуыр æвзаджы мысæн боны.
https://telegra.ph/TÆKKÆ-CENTRMÆ-05-15
367
Абон мадæлон æвзаджы бон у, раарфæ кодтой алыгъуызон «сæргълæууджытæ» — уыимæ куыд ногтæ, афтæ зæрæдтæ дæр. Зæгъæм, федтон Меняйло æмæ Битары-фырты «фындзрайтертæ» цы хус, æрвылазон-иударон текстытæ ныффыстой, уыдоны райдиантæ (ахæм бардæ чи кæсы кæронмæ!) Уыимæ официалон «цæсгæмттæ» кæд, сæ куысты бынат сæ куыд домы, афтæ цæстмæмитæ кæнынц, уæддæр раздæримæ абаргæйæ официалон (æмæ æрмæст официалон!) тыгъдады уавæр фæхуыздæр — зæгъæм, йæ рæстæджы-иу Мамсуров уырыссагау бацъыкк кодта, ирон æвзаг дидинæг кæй калы, æмæ дзы ирон дзырд никуы хаудта. «Ахæм æнæрхъуыды æмæ куырм адæймаг ма дзы уа!», — дзырдтам уæд — фæлæ уыдысты — уæдæй-нырмæ хуыздæр нæ кæнынц.
Ирон æвзагимæ баст риторикæйы раивд та баст у æрмæст уыимæ æмæ 15 азы размæ активисттæ æхсæнады рапарахат кодтой мадæлон æвзаджы гæвзыкк уавæры æмæ йæ хъæугæдзинады идейæтæ — паддзахад та æхсæнадæй 15 азы фæстейы зайы — æмæ ныр сæргълæууджыты «арфæтæ» дзуапп дæттынц 15 азы размæ цы уыд, уыцы æхсæнадон æнхъæлæнтæн.
Ныр цы уавæр ис, уымæн та республикæйы хицауад дзуапп дæттын райдайдзæн æрмæст 15 азы фæстæ. Къуымыхæй къуымыхдæр ссарæн ис, фæлæ хицауадæй куъымыхдæр — зынтæй.
Æмæ цавæр у уавæр ныр?
Бынæй, æхсæнады æмвæзы, раздæры активистты бынат æрцахстой "æххормаг" карьеристтæ — уыдон куыддæр бамбæрстой, паддзахад ацы фарстамæ йæ ргом здахын райдыдта — афтæ батындзыдтой ардæм — гранттæ æмæ куысты бынæттæ агургæйæ. Бирæтæ бакуыстой «децки»-тæ æмæ æндæр ахæмты дубляжтыл (ирон æвзагæн пайда æппындæр чи не рхаста, фæлæ уыцы "къанторты" гыццыл æхцайы хъæстæ чи фæкодта, ахæмтыл. Бирæтæ бацъырдтой «ирон æвзаджы райрæзты» сæрмагонд программæйы, аннæтæ, джыбытау, сбадтысты иронæвзагон (кæнæ иронæвзагон чи хъуамæ уыдаид) уыцы мыхуыры фæрæзты — республикæйы иу газет, журнал æмæ телеканал нæй, джыбытæй йæмыдзаг чи ма уа, ахæм. Бакæстут æрмæст Мыхуыры Комитетмæ — ууыл ныр «Грантхорты Комитеты» ном бирæ хуыздæр сфидауид. Кæнæ "ницæййаг сæйраг редакторы комитеты" ном дæр. Дыууæ хъуыддаджы дæр иттæг хорз басгуыхт уынгæджы боны Фидары-фырты дæлбар цы «уагдон» бакодтой, уый.
Куыддæр «боныхъæд фæуазал уа» афтæ уыцы джыбытæ "иронæвзагон" темæйæ фæбырдзысты — ныууаддзысты та йæ активисттæн; джыбытæ æндæр рæтты хъæуынц, фæлмæн æмæ рæдауæй ног грантты уалдзæг, ног бюджетон дуг кæм ралæууы, уым. Уыдон нæ фесæфдзысты.
Æмæ мадæлонæвзагон боныхъæд фæуазал, мæ хæлар джыбытæ, смах æй нырма не ‘мбарут, фæлæ фæуазал. Стæй дыууæрдыгæй фæуазал.
Бынæй, бынæттон æхсæнады ‘рдыгæй. Кæд æмæ махæн нæ фынддæсаздзыд тухитæ æмбæлгæ тыллæг радтой — æхсæнад дæр, паддзахад дæр се ‘ргом раздæхтой мадæлон æвзагмæ, уæд Челдыты-лæппуйы æмæ Битары-фырты миты рæстæг æхсæнады æргом ирон æвзагæй аздæхтис. Æхсæнады фылдæр æмæ хъомысджындæр хай ныр йæхи мадæлон æвзагæмæ тигъ кæны — уымæн æмæ йæм афтæ кæсы ныр, цыма ирон æвзаг баст у Челдыты-лæппуйы æмæ Битары-фырты номæй цы адæмы къордтæ архайдтой, уыдоны къуымых, агрессивон, фæстæзад æмæ ницæййаг хиæмбарынадимæ. Æмæ Меняйло абон æхсæнадæн арфæгæнгæ фынддæс азы размæ цы саг ферттывта, уыйы æхста — афтæмæй та сырдæн йæ фæд дæр нал ис. Уыцы ми политикæн æхсæнады ‘рдыгæй зиан, вæццæгæн, не ‘рхæсдзæн, фæлæ дзы ныр æмбæлгæ рейтингон цæхх нал ис.
Афтæ нæу хъуыддаг "Уæлейы фæуазал»-имæ; куы йæ загътон раздæр, уавæр дыууæрдыгæй февзæр, дыууæрдыгæй фæуазал. 24 февралы фæстæ националон хъуыддæгтæм æнхъæлмæ кæсы егъау ревизи — уырдæм бахаудзысты мадæлон æвзаджы хъуыддæгтæ дæр. Хъаггæдады Министрад йæ брифингты "националисттæй" цас ныддæрæн кодта, уый цы бонæй хынцын райдыдта, уыцы бонæй аивта федералон центры цæстæнгас дæр — æнæ аивæн ын нæй — æмæ йæ цымæ бынæттон хицæуттæ кæд бамбардзысты, 15 азы фæстæ та?;) Нырма арфæтæ кæнынц, нырма ницы фембæрстой;) Куыд ма загътон раздæр — къуымыхæй къуымыхдæр ссарæн ис, фæлæ хицауадæй куъымыхдæр — зынтæй.
Цы кæнæм мах та? Мæгъа, зæгъæм æз ирон æвзагыл фæстаг æзты архайдтон æрмæстдæр мæхи ирхæфсынæн — цытæ федтон, æмæ цы мæнгард адæмы къухты бахаудта æвзаджы æмæ адæмы фидæн, уый хынцгæйæ мæ ницавæр ныфс уыдис йæ цардхъомдзинады фæдыл.
367
Правоохранители у нас это, конечно, отдельная и очень заунывная песня. Конкретно с представителем ЦПЭ я, по глупости самого представителя ЦПЭ, виделся лет пять назад. Это был очень недалекий человек; индивид с голливудским именем «Бондо» интересовался, не ингушка ли у меня мать. Такой вот «ход следствия». Как-нибудь расскажу эту замечательную историю. Судя по ситуации с Батразом получается, что там все такие, и не только в ЦПЭ.
Выражаю поддержку Мисикову, и надеюсь на то, что в это тяжелое для страны время правоохранительные структуры начнут очищать свои ряды от идиотов, наносящих чудовищный урон престижу власти.
367
Правоохранители у нас это, конечно, отдельная и очень заунывная песня. Конкретно с представителем ЦПЭ я, по глупости самого представителя ЦПЭ, виделся лет пять назад. Это был очень недалекий человек; индивид с голливудским именем «Бондо» интересовался, не ингушка ли у меня мать. Такой вот «ход следствия». Как-нибудь расскажу эту замечательную историю. Судя по ситуации с Батразом получается, что там все такие, и не только в ЦПЭ.
Выражаю поддержку Мисикову, и надеюсь на то, что в это тяжелое для страны время правоохранительные структуры начнут очищать свои ряды от идиотов, наносящих чудовищный урон престижу власти.
367
Repost from IRON ARGHAW
—Мӕ хӕлар, чысайнаг, Христос воскресенӕ!
— Икнеба мын куадзӕны арфӕтӕ кӕныс? Чырысти дзы бамбӕрстон, фӕлӕ а «воскресенӕ» цы у, ме ар уици. Зӕгъ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ: «Чырысти агъдга», ӕмӕ йӕ бамбарон!
— Чорт знаит, цы дзуры! «Агъдга» та цы у, пъоздравлиат скӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ, ай та цыдӕртӕ дзуры, чорт знаит, кӕцонау
— Иугай ныхӕстӕ нӕм фӕвӕййы гуырдзиагау, уый къи у, фӕлӕ сымах, рогорц уырыс, афтӕ дзурут...
Карикатурист Коцойты Арсен
#коцойтыарсен
367
Repost from Fedog : хабæрттæ иронау
Уæрæсейы Президент Владимир Путин бавджид кодта Роскосмосæн саразын ахæм уавæртæ, цæмæй уæрæсейаг науыл космосмæ атæха Белоруссийы гражданин. Ахæм проекты тыххæй нæ бæстæйы сæргълæууæг радзырдта абон космодром «Восточный» куы бабæрæг кодта, уæд.
367
Æвзæрстам «Мэри Поппинс» Дзасохты Музаферы тæлмацы.
[стандартная шутка про поппинс Мэри]
*ÆРМКЪУХ: «Урс æрмкъух кæуыл ис, йæ уыцы къухы амонæн æнгуылдзæй ацамонгæйæ»
*НЫЦЦАУАЗЫН: «Æз сæм рудзынгæй кæсгæйæ, мæстæй мæлин, уынджы змæлд кæй ныццауæзтой, уый тыххæй»
*УÆРÆХЧЪИЛ: «Йæ иу къухæй хæцыди йæ уæрæхчъил худыл»
*ГÆЗÆНХЪÆД: «Йæ хызыныл хæцыд, афтæмæй асины гæзæнхъæдыл абадт»
*ТУХГÆ: «Стæй дзы систа сапоны дынджыр джипп, духийы авг, тухгæ бандон»
*ÆВДИСÆН: «Фæлæ цы ’рцыди, уымæн уыдысты цардæгас æвдисæнтæ»
*ЦЪÆХСНАГ: «Уыцы рæстæг сын сæ зæрдиаг ныхас фескъуыдта мисс Ларкы цъæхснаг хъæлæс»
*АЗМÆЦ: «Азмæц! Зонды къуыбар! Мæ сызгъæрин!»
*ХАТГÆ: «Дыууæ фунты мын хатгæ абар — æппæты хуыздæр чи у, уыцы хатгæйæ»
https://www.youtube.com/watch?v=0smx2iHTsO4
Чиныг равгæнӕн ис электронон библиотекæ «Бæрзæфцæг»-æй ацы æрвитæныл: https://vk.cc/ccgfCS
367
Æвзæрстам «Мэри Поппинс» Дзасохты Музаферы тæлмацы.
[стандартная шутка про поппинс Мэри]
*ÆРМКЪУХ: «Урс æрмкъух кæуыл ис, йæ уыцы къухы амонæн æнгуылдзæй ацамонгæйæ»
*НЫЦЦАУАЗЫН: «Æз сæм рудзынгæй кæсгæйæ, мæстæй мæлин, уынджы змæлд кæй ныццауæзтой, уый тыххæй»
*УÆРÆХЧЪИЛ: «Йæ иу къухæй хæцыди йæ уæрæхчъил худыл»
*ГÆЗÆНХЪÆД: «Йæ хызыныл хæцыд, афтæмæй асины гæзæнхъæдыл абадт»
*ТУХГÆ: «Стæй дзы систа сапоны дынджыр джипп, духийы авг, тухгæ бандон»
*ÆВДИСÆН: «Фæлæ цы ’рцыди, уымæн уыдысты цардæгас æвдисæнтæ»
*ЦЪÆХСНАГ: «Уыцы рæстæг сын сæ зæрдиаг ныхас фескъуыдта мисс Ларкы цъæхснаг хъæлæс»
*АЗМÆЦ: «Азмæц! Зонды къуыбар! Мæ сызгъæрин!»
*ХАТГÆ: «Дыууæ фунты мын хатгæ абар — æппæты хуыздæр чи у, уыцы хатгæйæ»
https://www.youtube.com/watch?v=0smx2iHTsO4
Чиныг равгæнӕн ис электронон библиотекæ «Бæрзæфцæг»-æй ацы æрвитæныл: https://vk.cc/ccgfCS
367
Ацы кулинарон анонс йæхæдæг сирк у;)
Алæвæрды та æвзардзыстæм Хъодалаты Герсаны «Æвдудон»-æй ист цымыдисаг дзыдтæ.
Рауагъд æххæстæй аизæр 20:30-ыл æвдисдзæн , телеканал «ИрыстонТВ».
