en
Feedback
Ӕrfӕnyfӕd

Ӕrfӕnyfӕd

Open in Telegram

Show more
Russia594 610The category is not specified
215
Subscribers
No data24 hours
-27 days
-230 days
Posts Archive
Спартайнаг цирхъытӕ 'мӕ 'рцыты​ бырынчъытӕ.​ ​ Архаикон Гречъы адӕм цирхъ хуыдтой ξίфоюс ("Xiphos").​ Уымӕн ӕвдисӕн у микенаг
Спартайнаг цирхъытӕ 'мӕ 'рцыты​ бырынчъытӕ.​ ​ Архаикон Гречъы адӕм цирхъ хуыдтой ξίфоюс ("Xiphos").​ Уымӕн ӕвдисӕн у микенаг грекъаг ӕвзаг, ӕмӕ иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ куыд амонынц, афтӕмӕй ацы дзырд баст у египетаг zft-имӕ кӕнӕ рагон семитон​ saïf/sêf-имӕ. Ӕндӕр​ хъуыдымӕ гæсгæ, ирон "ӕхсырф" ӕмӕ грекъаг ξίфоюс, равзӕрдысты протоиндоевропӕйаг *kwsibhro-йӕ.

Бирӕтӕ йӕ нӕ зонынц, фӕлӕ конституци ис ирон ӕмӕ дыгурон ӕвзагыл дӕр.
+1
Бирӕтӕ йӕ нӕ зонынц, фӕлӕ конституци ис ирон ӕмӕ дыгурон ӕвзагыл дӕр.

Хӕдӕгай, Хадзы-Мураты ӕмдзӕвгӕ тӕлмацгонд у англисаг ӕвзагмӕ дӕр. Ратæлмац ӕй кодта https://t.me/koctymaesyg
+1
Хӕдӕгай, Хадзы-Мураты ӕмдзӕвгӕ тӕлмацгонд у англисаг ӕвзагмӕ дӕр. Ратæлмац ӕй кодта https://t.me/koctymaesyg

​Цы у сӕрибар? Алы адӕймагӕн дӕр уыдзӕн йӕхи дзуапп.Сӕрибар у бирӕвӕрсыг ӕмбарынад, ӕмӕ йӕ махӕй алчидӕр хаты ӕмӕ 'мбары йӕхирдыгонау. Кӕмӕндӕр сӕрибар у йӕ миддунейы ӕнцой ӕмӕ ныфсы уавӕр, дӕхиимӕ 'мудӕй кӕй цӕрыс, уый куы банкъарай, уӕд. Кӕмӕндӕрты та сӕрибар у, цыдӕриддӕр дӕ бафӕнда, уый кӕныны бар. Фӕлӕ мӕнмӕ куыд кӕсы, афтӕмӕй "сӕрибар цы у", зӕгъгӕ, уыцы фарстӕн ӕппӕтӕй хуыздӕр дзуапп радта Дзуццаты Хадзы-Мурат йе'мдзӕвгӕйы "Сӕрибар"
Дӕ хъӕрахстӕй стыхстӕн: «Сӕрибар! Сӕрибар!!!»— Цӕмӕй? Кӕмӕй? Сӕрибар — адӕймагӕй ӕмӕ адӕймагадӕй, цӕмӕй Дӕ адӕмы иннӕ адӕмтыл ӕндзарай,— Дӕхицӕн национ фӕтӕджы ном ссарай? Сӕрибар — рӕстдзинадӕй? Кӕнай мӕнг ныхас, хахуыр, кӕнай дӕ адӕмы ӕнӕфсармыл ахуыр? Дӕхиуыл мӕт кӕн,— искӕй мӕт мурмӕ дӕр ма дар? Дӕхӕдӕг худ, рай,— исчи уӕд фыдохаг, саудар? Дӕхи бавӕр,— искӕй ныцъцъист кӕн, амар? Дӕхӕдӕг — зӕд, исчи дын — цъаммар, цъаммар? Сӕрибар — намысӕй, адӕймагуарзонӕй, Тӕригъӕдӕй, удвидауц ӕмӕ рӕдау зондӕй?.. Уый сӕрибар нӕу, уый — хъӕддӕгты уӕгъдибар, Искӕй сӕрибар кунӕггӕнӕг, искӕймар — химар. Мӕн цы фӕнды? уой сӕрибар дунейы адӕмтӕ, Зӕххы хъӕбултӕ, иу мады зӕнӕг, ӕрвадӕлтӕ, Се ’ппӕтау, уой сӕрибар мӕ адӕм дӕр, мӕ бӕстӕ, Уой сӕрибар мӕ хъӕдтӕ, мӕ хӕхтӕ, мӕ фӕзтӕ, Уой сӕрибар ме ’взаг, мӕ кафт, мӕ зарӕг, Мачи ӕмӕ сӕ мацы уа давӕг, халӕг, хъыгдарӕг. Гъе ӕмӕ уыдон цӕмӕй сӕрибар ӕцӕгӕй уой, Се ’ппӕт дӕр сӕрибарӕй рӕзой, цӕрой, Мӕнӕн мӕ бӕрн уӕззаудӕр кӕны дывӕр, ӕртывӕр Ӕмӕ сӕ никуы уыдзынӕн сӕрибар — мӕрдты дӕр! Мӕн цы фӕнды? Уон хибар ӕмӕ химбар, Уон сӕрибар ӕмӕ ма уон сӕрибар!
Ацы æмдзæвгæ 'вдисы сӕрибары арф ӕмӕ бирӕкъабазджын концепци, ирон адӕмӕн сӕрмагонд нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм. Поэт иуварс кӕны, иннӕ адæмы чи халы ӕмӕ индивидуалон фӕндиӕгтӕ иумӕйаг адӕймаджы хӕзнатӕй уӕлдӕр, чи æвæры ахæм сӕрибары эгоистон ӕмбарынад. Иннӕты фесафыныл амад сӕрибар хуыйны "хъӕддæгты уæгъдибар" - уый у, йӕ фӕдыл карздзинад ӕмӕ 'мтъеры цард чи хӕссы, ахӕм сӕрибары формӕ. Поэт бӕллы цæмæй "Уой сæрибар дунейы адæмтæ , Зæххы хъæбултæ" - ​ уый у ӕмбарадмæ 'мӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕныны тырнындзинад, сӕрибармӕ, кæцыйы алы адӕм, алы культурӕйӕн дӕр йӕ бон уыдзæн йӕ хæдбардзинад бахъахъхъӕнын.​ Поэт уæлæргом кӕны нации хæдбындуры ӕмӕ культурон бынты ахадындзинад - ирон адӕм, бирӕ чысыл адӕмтау, цы хӕзнатӕ хъахъхъӕнынмӕ тырнынц, уыдон. Ӕмдзӕвгӕ ӕвӕры фарст: цы нысан кӕны сӕрибар? Ирон зондахасты мидӕг сӕрибар амоны моралон ӕмӕ монон хӕстӕ. Ис дзы бынат тӕригъӕдӕн, рӕстдзинадӕн ӕмӕ хионы уарзынӕн..

Ӕрцыд рӕстӕг ​​Æрцыд рæстæг! Ызмæлы бæстæ! Ис махыл тохы заман хæс. Кавказы кадылмард цæргæстæ, Кæм ыстут? Сиды та нæм хæст! Æнусмæ худинаг — тæппудæн! Хæххон лæг! Никуы тарстæ ды. Æрцыд фæлварæн дуг дæ удæн! Алла верды!.. Алла верды!.. ​ Черкес, цæцæйнаг, уæд даргинаг, Лезгин, хъæрæсейаг, ирон, Абхаз, мæхъхъæлон, абазинаг, Балхъайраг, лекъаг, уæд кæсгон, Æрцæут, сиды нæм нæ намыс, Уый мах æфсымæртау бæтты, Уый уадзы не уæнгты егъау ныфс. Алла верды!.. Алла верды!.. ​ Кавказ, нæ туг дæ æмæ не стæг. Дæуæн нæ цард дæр нæу æвгъау. Æнæ дæу мах цæринаг не стæм - О, афтæ сныв кодта Хуыцау. Æмсæр-æмбар æмæ Сæрибар - Хъару нын а бæллиц дæтты. Фæлæууæд алы уд дæр фидар! Алла верды!.. Алла верды!.. ​ Нæ хъысмæт удхайраг, уæззау уыд. Фæкодтам не ’лдæрттæн тыхгуыст. Ныр нæм æрттивгæ хур æрбазынд. Фæуыдзæн авддæлдзæх нæ рыст. Куы вæййынц адæмтæ æмзæрдæ, - Сæ тыхæй айнæг дæр сæтты. Уæдæ, цæй, басгуыхæм хæлæртгæ! Алла верды!.. Алла верды!.. ​ Гъе-гъей, Кавказы фырттæ, размæ! Фæллойæ саразæм дзæнæт! Нæ цин, нæ уадындзтæн сæ хъазтмæ Æркæсдзæн дун-дуне æппæт! Рæхджы нæм худдзæн хур уæлвонгæй, Нæ амонд ардзыстæм куысты. Кавказ та райгуырдзæни ногæй. Алла верды!.. Алла верды!.. Цӕллыкаты Ахмӕт

Шотландийы патриот Уильям Уоллесы мемориалон фӕйнӕг Лондоны. Фӕйнӕгыл та латинагау фыст: "Dico tibi verum libertas optima rer
Шотландийы патриот Уильям Уоллесы мемориалон фӕйнӕг Лондоны. Фӕйнӕгыл та латинагау фыст: "Dico tibi verum libertas optima rerum nunqual servili sub nexu vivito fili" "Ӕцӕгӕй уын зӕгъын, сӕрибардзинадӕй хуыздӕр ницы ис.Лӕппутӕ, уӕ цӕрдтӕ цагъайрӕгтау макуы ӕрвитут"

Абойты Заурбеджы иллюстрацитӕ Гатуты Дзахойы уацаутӕм 1)Амыран 2)Гага-аул 3)Сихы агуывзæ 4)Тушу-Али
+7
Абойты Заурбеджы иллюстрацитӕ Гатуты Дзахойы уацаутӕм 1)Амыран 2)Гага-аул 3)Сихы агуывзæ 4)Тушу-Али

​​'Къухдарӕнты ӕлдар' ӕмӕ дыууӕ астæузаман кадӕджы. Юлиус Эвола ӕмӕ Джон Рональд Руэл Толкин уыдысты ӕмдугонтӕ, иу фӕлтӕры минӕвӕрттӕ.Сӕ дыууӕ дӕр архайдтой рагон тексттӕ ахуыр кӕнын ӕмӕ интерпретаци кӕныныл. Юлиус Эвола йӕ историософон уацмыс "Растад нырыккон дунейы ныхмӕ" - йы (Востание против современного мира) равдыста традицийы заууаты ӕмӕ нырыккон дуджы равзӕрды ныв ивгъуыд заманты астӕуккаг ӕнусты таурӕгъты ӕмӕ стыр паддзӕхты тыххӕй анализы бындурыл.​ Толкин, та, чи зоны, сфæлдыста XX ӕнусы иууыл зындгонддӕр фантастикон эпос "Къухдарæнты æлдар" ӕмӕ уымӕй бындур ӕрӕвӕрдта жанр "эпикон фэнтези" - йӕн.​ Толкины сӕйраг сфӕлдысты сюжет бирӕтӕ, куыд мæм кæсы, зонынц. Йӕ бындуры ӕвӕрд ис, хӕссӕгӕн стыр тых чи дӕтты, ахӕм алӕмӕттаг къухдарӕнты хабар. Талынджы хицау Саурон цы къухдарӕнтæ сарӕзта, уый йӕ хӕссӕгӕн бар лӕвӕрдта хуымӕтӕг мӕлинаг адӕймаг кӕуыл нӕ фӕтых уыдаид, ахӕм стыр тых. Ам цымыдисаг уыдзӕн, Юлиус Эвола йӕ чиныджы фыццаг хайы цы дыууӕ кадӕджы тыххӕй фыссы, уыдон дӕр ӕрымысын. Фыццагмæ гӕсгӕ: Фридрих II Гогенштауфен райста сусӕггаг  "пресвитер Иоаннӕй" алӕмӕттаг къухдарӕн, кӕцы йын фадат лӕвӕрдта æнæуынгæ 'мӕ æнæфæрæхойгæйæ уӕвынӕн. Алæмæттаг къухдарӕны ӕххуысӕй монарх куы "фесӕфт", уæд уыцы цау цуаны рӕстӕджы радзырдта поэт Освальд Фыссæг. Ацы легендӕ, Бруно Глогеры чиныджы "Император, Хуыцау ӕмӕ Хӕйрӕг: Фридрих II Гогенштауфен истори ӕмӕ кадджытӕ"​ дӕр фыст ӕрцыди. Дыккагмӕ гӕсгӕ: Астӕуккаг ӕнусты аллегорийы рагонфӕдзӕхстон Мелхиседек ӕвдыст цӕуы куыд номджын лӕг. Ӕртӕ къухдарӕны байуары йӕ фырттӕн, ӕмхуызон зӕххытӕ бынӕн дӕтгӕйӕ ӕмӕ уымӕй лыг кӕны се ' хсӕн цы быцӕутӕ уыди, уыдон​. Мелхиседек уымӕй амоны, пысылмӕттӕ дӕр, уирӕгтӕ дӕр ӕмӕ чырыстӕттӕ дӕр ӕмхуызон нымад кӕй сты ӕцӕг зонындзинӕдтӕ хӕсджытыл, гъе уый. Ацы кадӕг ӕвдыст цӕуы Джованни Боккаччойы ӕртыккаг новеллӕ "Декамерон"-ы. "Къухдарæнты æлдар" - ы сюжетимæ аналогитӕ, ӕнхъӕл дӕн, ам бӕрӕг сты. Толкин уыд номдзыд филолог ӕмӕ астӕуккаг ӕнусты стыр специалист - ӕмӕ уыцы кадджыты тыххӕй, ӕнӕмӕнгӕй, дӕр зыдта. Гъе афтӕ, чысыл фиппаинаг Толкины Стыр уацмысы ӕххуыс кӕны европӕйаг фысгӕ традици хуыздӕр бамбарынӕн.

Фриментӕ 'мӕ цӕгаткавказӕгтӕ Фрэнк Герберты "Дюнӕ" - йы дунейы фрименты(ӕдзӕрӕг планетӕ Арракис-ы цӕрӕг адӕм) культурӕйы, ис ирдӕй ӕвдисӕг миниуджытӕ, кӕцытӕ ‘мдзыд сты Кавказы адӕмы традициты ӕмӕ историон фӕлтӕрддзинадимӕ. Фриментӕ-сты, сӕ цардӕвӕрд ӕдзӕрӕг быдыры карз уавӕртӕй бӕрӕг кӕмӕн у ӕмӕ сӕ фӕрӕзтӕ ӕддагон тыхты экспанцийӕ хъахъхъӕнын кӕй хъӕуы, аххæм этникон къорд.​ Се ' хсӕнадон структурӕ арӕзт у фидар адӕмыхӕттыты бастдзинӕдтыл, намысы культыл ӕмӕ карз ӕгъдӕуттыл, уый зӕрдыл лӕууын кӕны традицион кавказаг ‘хсӕнады фидар ӕгъдӕуттӕ. ​ Афтӕ Кавказы адӕмтау фриментӕ дӕр кадджын сты хӕстон арӕхстдзинӕдтӕй, уыдон сты канд хи бахъахъхъӕныны элемент нӕ, фӕлӕ ма культурон идейондзинады иу хай дӕр. ​ Дыууӕ ӕхсӕнады мидæг дӕр арӕзт цӕуы аирвӕзыны ӕмӕ фӕразондзинады философи, уым ӕрдзон уавӕртӕ ӕмӕ ‘ддагон ӕндӕвдады тас, уымӕй уӕлдай ма ӕфтауынц​ традицийы, культурӕйы ӕмӕ хæдбындуры аргъ.

Æз хъумæ ма тæрсон. Тас у зондмарæг. Тас у гыццыл мæлæт, кæцы 'рхæссы быны сæфт. Æз слæудзынæн мæ тасы ныхмæ. Æз æй бауадздзы
Æз хъумæ ма тæрсон. Тас у зондмарæг. Тас у гыццыл мæлæт, кæцы 'рхæссы быны сæфт. Æз слæудзынæн мæ тасы ныхмæ. Æз æй бауадздзынæн мæ сæрты 'мæ ме 'хсæнты ахизын. Æмæ куы аивгъуыйа, уæд мæ миддзæст ахæсдзынæн йæ надвæндагыл. Уым, кæм цыди тас, уыдзæн ницы. Æрмæстдæр æз баззайдзынæн. Фрэнк Герберт «Дюнӕ»

Фӕдзӕхст Рагон ӕнгузы бын - бадӕн, кӕлдым, Бадынц дада ӕмӕ сабитӕ уым. Хъура куыдз къӕйыл ӕрхуыссыд сӕ цуры. Зӕронд лӕг лӕппутӕн таурӕгътӕ дзуры. Иу афон урсбоцъо фестад цӕрдӕг. Куыдзыл цым лӕдзӕгӕй ралӕууыд лӕг. Фесхъиудта хъура, хъыллист кӕнын систа. Лӕппутӕ байдыдтой зӕрондыл дистӕ. Алыгъди куыдз ӕмӕ уынджы дӕлдӕр Иу ран ӕрхуыссыд. Йӕ къӕхтыл - йӕ сӕр. Дзуры та лӕппутӕн зӕронд цыдӕртӕ, Уый фӕстӕ систа йӕ дзыппӕй къӕбӕртӕ. Бацыди сабыргай куыдзмӕ хӕстӕг, Уый йӕм ыскасти ӕрхуымӕй тызмӕг. Лӕг ын къӕбӕртӕ ӕппары йӕ разы, Куыдзӕн йӕ цӕстыты цины рухс хъазы. Сыстади, тилы йӕ къӕдзил, ӕнцад Уидзы йӕ баппатӕ. Ферох йӕ над. Зӕронд лӕг ракӕны куыдзы йӕ фӕдыл. Лӕппуты астӕу ӕрӕнцади хъӕдыл. Дзуры сӕм: "Федтат нӕ куыдзы йӕ уаг? Уымӕй ӕгаддӕр нӕ уыдзӕн хъуыддаг. Хъусут, бабайы хъӕбултӕ? Къӕбӕртӕ Макуы уын балхӕнӕнт афтӕ уӕ зӕрдӕ". Лӕг сын йӕ таурӕгътӕ дарддӕр хӕссы, Сау куыдз дӕр зӕххыл сӕ разы хуыссы. Джыккайты Шамил

Эпитафи мæхъхъæлон экстремистты тохы чи фæмард, уыдонæн Уæ тох уыд нæ къæсы сæрвæлтау, Æнусон — уæ намыс, уæ цыт. Фæлмæн уын
Эпитафи мæхъхъæлон экстремистты тохы чи фæмард, уыдонæн Уæ тох уыд нæ къæсы сæрвæлтау, Æнусон — уæ намыс, уæ цыт. Фæлмæн уын уæд, армытъæпæнау, Нæ Иры сыджыт! Хаджеты Таймураз

Иу цӕхӕр фаг у сӕдӕ дунейы басудзынӕн Персайнаг ӕмбисонд
Иу цӕхӕр фаг у сӕдӕ дунейы басудзынӕн Персайнаг ӕмбисонд

Дзанайты Азӕнбеджы нывтӕ
+1
Дзанайты Азӕнбеджы нывтӕ

Нӕ кӕнӕм аргъ мӕгуыры тугӕн мах, Рӕстад нӕй паддзӕхтӕм, ис адӕммӕ ӕрмӕст Къубалты Алыксандр
Нӕ кӕнӕм аргъ мӕгуыры тугӕн мах, Рӕстад нӕй паддзӕхтӕм, ис адӕммӕ ӕрмӕст Къубалты Алыксандр

- Ирон Mysyr - Дигорон Misir Равзӕрд араббаг дзырдӕй Mişr (араб. مصر). Парахатгонд ӕрцыд Кавказы иннӕ ӕвзӕгты дӕр : кӕсгон "Mǝsǝr", цӕцӕйнаг "Misar" гуырдзиаг "Misreti" ӕмӕ а.д. Дзырд "Мысыр" равзӕрд араббаг династион фæлтæры рӕстӕг , дзырдӕй кӕцы амоны "цӕрӕн бынат" ӕмӕ "горӕт". Этимологийы иннӕ вариант та баст у астӕуккаг ӕнусты Мысыримӕ, уыцы этимологимӕ гӕсгӕ йӕ ном цӕуы дзырд Masara -й (المعصرة) – "ӕрцӕрын", "колонизаци кӕнын", ацы гипотезӕмӕ гӕсгӕ дзырдӕй пайда кодтой ӕрмӕст ӕвдӕм ӕнусӕй фӕстӕмӕ, араббӕгтӕ Мысыры сӕ цӕрӕнбынӕттӕ-колонитӕ куы райдыдтой аразын, уӕд. #etymology

photo content

"Адӕймагӕй де сӕфт куы уынай, уӕд дзы де сӕфт уыныс, дӕхи хай цы у, ахӕм цӕмӕйдӕр. Нӕхи хай цы нӕу, уый нӕ, ӕдзухдӕр, нӕ фӕты
"Адӕймагӕй де сӕфт куы уынай, уӕд дзы де сӕфт уыныс, дӕхи хай цы у, ахӕм цӕмӕйдӕр. Нӕхи хай цы нӕу, уый нӕ, ӕдзухдӕр, нӕ фӕтыхсын кӕны". Hermann Hesse, "Demian"

Throne of Blood (1957) dir. Akira Kurosawa
+3
Throne of Blood (1957) dir. Akira Kurosawa