Fedog : хабæрттæ иронау
Open in Telegram
971
Subscribers
No data24 hours
No data7 days
No data30 days
Posts Archive
Æппынкъаддæр 52 пысылмон уырнджытæ фæмардысты Пакистаны ныгуылæны Белуджистаны провинцийы, дæсгай адæм фæцæф сты. Уыдон æрæмбырд сты сæ пехуымпар Мæхæмæты гуырæнбон бæрæг кæнынмæ, афтæмæй се ’хсæнмæ бамидæг ис террорист æмæ, йæ буарыл цы бомбæ уыдис, уый срæмудзын кодта.
Иуæй-иу пысылмон къордтæм гæсгæ пехуымпары гуырæнбон дины ногдзинад у, æмæ уый бæрæг кæнын тæригъæдыл нымайынц.
Карабахӕй Сомихмӕ ныридӕгӕн ӕрбалыгъдис 84700 бинонтӕй фылдӕр, — фехъусын кодта Сомихы хицауад
Турчы скæсæны æмбæхст фотокамерæ систа фыранчы къам. Фыранк рагæй фенæн нæ уыд уыцы бæстæйы, нымад уыдис бынтон аскъуыдыл.
Португалийы горæт Анадийы уынгтæ байдзаг сты сæнтæй — бынæттон сæндуцæн куыстуаты аскъуыдысты резервуартæ æмæ сæнæфсирæй арæзт нозт рагуылф кодта æддæмæ
Мароккойы сӕнкъуысыдис зӕхх. Чи дзы фӕмардис, уыдоны нымӕц ӕппынкъаддӕр у 820. Цӕфтӕ фесты 670 адӕймагӕй фылдӕр.
1️⃣5️⃣ азы размæ Уæрæсейы Федераци базыдта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.
Мӕскуы ӕмӕ Мӕскуыйы облӕсты цӕрджыты нымӕц фӕхӕстӕг кӕны 18 милуанмӕ, ӕмӕ уый у Уӕрӕсейы ӕппӕт цӕрджыты 14 проценты.
Польшӕйы горӕт Краковы, Ягеллоны университеты мыхуырӕй рацыдис ирон нарты кадджыты чиныг польшӕйаг ӕвзагыл — Nartyskie opowieści potomków sarmatów z Osetii (Сӕрмӕтты байзӕддаг ирыстойнӕгты нарты кадджытӕ).
Чиныг сарӕзтой польшӕйаг иранисттӕ Анджей Писович дыууӕ азы размӕ ахуыргонд ныффыста ирон ӕвзаджы грамматикӕйы чиныг польшӕйаг ӕвзагыл) ӕмӕ Кинга Параскевич.
Уырыссаг ӕвзагӕй кадджытӕ ратӕлмац кодта Станислав Улашек.
Абон Мӕскуыйы биржӕйы, 2022 азы 28 мартъийӕ нырмӕ фыццаг хатт, доллӕры курс схызтис 95,14 соммӕ, евро та 104,04 соммӕ.
Эрдоган куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ дары, Владимир Путин августы Туркмӕ кӕй ӕрбацӕудзӕн, ууыл.
Песков: Уӕрӕсе, Нигеры цы уавӕр ӕвзӕры, уый йӕ ӕфтауы мӕты. Йӕ цӕст ӕм дары, ӕмӕ ахӕм хъуыдыйы фарс у, зӕгъгӕ, тагъддӕр Конституцимӕ гӕсгӕ нывылгонд куыд ӕрцӕуа.
Загсгонд кӕимӕ нӕ уыдис, уыцы усӕй Жириновскийӕн цы фырт ис, уый балӕвӕрдта хъаст тӕрхондонмӕ ӕмӕ домы, цӕмӕй йӕ, закъонмӕ гӕсгӕ, банымайой политичы фырт.
Ахӕм банымад Олег Эйдельштейнӕн раттид фадат йӕ фыды бынтӕй иу хаймӕ бар бадарынмӕ.
Америкæйы Иугонд Штатты фæнды, цæмæй контроль кæной Гуырдзыстонæй Уæрæсемæ æмæ Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ авиарейстæ. Уымæн æмæ, уæвæн ис, æмæ Мæскуымæ тæхæг хæдтæхджыты мидæг уа санкцион товартæ.
Ахæм хабар фехъусын кодтой АИШ-ы Паддзахадон департаменты.
Талибтӕ арт бандзӕрстой конфискацигонд музыкалон инструменттыл Гераты провинцийы.
Ираны хъбысæйхæсты æмбырдгон араст ис Уæресмæ
Тегеран, 25 июлы, IRNA - Ираны хъбысæйхæсты æмбырдгон араст ис Уæресемæ, æхсæнадæмон ерысты хайад райсынмæ.
Редакци куыд æнхъæлы. афтæмæй кой цæуы Дзæуджыхъæуы 27-29 июлы "Манежы" цы туринир уыдзæн, уый тыххæй.
Мадзалы архайдзысты 16 бæстæйы минæвæрттæ — 200-мæ хæстæг дунейы тыхджынджæр богалы. Хæцдзысты угъдибар, бердзен-ромаг æмæ сылгоймæгты хъæбысхæстæй.
Мариински театры Дзӕуджыхъӕуы филиалы уыдис Гергиты Абысалы фортепьянойы цагъды изӕр
Концерты фехъусӕн уыдис Бетховены, Вагнеры, Скрябины, Рахманиновы ӕмӕ Прокофьевы фыст цӕгъдтытӕ. Абысалӕн ацы музыкалон мадзал у дыккаг соло-концерт. Фыццаг уыдис 2018 азы — уӕд музыкант йӕ концертӕй байгом кодта Финляндийы арӕзт фестиваль.
Дзӕуджыхъӕуы музыкалон театры раз фӕзуаты ныртӕккӕ цӕуы Ӕхсӕнрегионон чингуыты равдыст-армукъа PRO КНИГИ.
Йӕ куыст аххӕсдзӕн абоны 19.00 сахатмӕ.
Балхӕнӕн дзы ис Цӕгат Кавказы рауагъдӕдты чингуытӕ.
Хохы Карцайы фæзындис Мегафоны бастдзинад
Компанийы специалисттæ хъæуы мидæг сæвæрдтой хъæугæ ифтонггæрзтæ, цæмæй дзы фæзына мобилон интернет.
