cookie

Sizning foydalanuvchi tajribangizni yaxshilash uchun cookie-lardan foydalanamiz. Barchasini qabul qiling», bosing, cookie-lardan foydalanilishiga rozilik bildirishingiz talab qilinadi.

avatar

Ирон нау 🌬⛵️

Полезные и не очень заметки на осетинском и русском языках (иногда с юмором)).

Ko'proq ko'rsatish
Reklama postlari
474
Obunachilar
Ma'lumot yo'q24 soatlar
+57 kunlar
+830 kunlar

Ma'lumot yuklanmoqda...

Obunachilar o'sish tezligi

Ma'lumot yuklanmoqda...

🚦#светофор ✝ 🔴 About the Law Do not think that I have come to abolish the Law or the Prophets. I have not come to abolish, but to fulfill. For truly I say to you, until heaven and earth pass away, not one dot or one mark will pass from the law until all be fulfilled. Whoever, therefore, breaks one of the least of these commandments and teaches others to do likewise shall be called the least in the kingdom of heaven. But whoever does and teaches them shall be called great in the kingdom of heaven. For I say to you that unless your righteousness exceeds the righteousness of the scribes and Pharisees, you will in no way enter the kingdom of heaven. 🟡 О Законе Не думайте, что Я пришел нарушить закон или пророков: не нарушить пришел Я, но исполнить. Ибо истинно говорю вам: доколе не прейдет небо и земля, ни одна иота или ни одна черта не прейдет из закона, пока не исполнится все. Итак, кто нарушит одну из заповедей сих малейших и научит так людей, тот малейшим наречется в Царстве Небесном; а кто сотворит и научит, тот великим наречется в Царстве Небесном. Ибо, говорю вам, если праведность ваша не превзойдет праведности книжников и фарисеев, то вы не войдете в Царство Небесное. 🟢 Ӕгъдауы тыххӕй Афтæ æнхъæл ма ут, æмæ Æз Моисейы Æгъдау кæнæ пехуымпарты ахуырад аивынмæ æрцыдтæн. Æз сæ аивынмæ нæ, — сæххæст кæнынмæ æрцыдтæн. Æцæг цы у, уый уын зæгъын: цалынмæ арв æмæ зæхх сты, уæдмæ Æгъдауæй иу дамгъæ кæнæ иу хахх дæр нæ фæхъæудзæн — æппæт дæр сæххæст уыдзæн. Уæдæ ацы фæдзæхстытæн сæ иууыл къаддæры сæрты дæр чи ахиза æмæ адæмы дæр афтæ бакæныныл чи сардауа, уый Уæларвон Паддзахады нымад уыдзæни æппæты къаддæрыл. Фæлæ сæ чи сæххæст кæна æмæ сæ адæмæн дæр чи бацамона, уый Уæларвон Паддзахады нымад уыдзæни стырыл. Зæгъын уын: уæ рæстад динамонджытæ æмæ фарисейты рæстадæй уæлдæр куынæ уа, уæд Уæларвон Паддзахадмæ нæ бацæудзыстут.
Hammasini ko'rsatish...
7👍 3
Photo unavailableShow in Telegram
Гасситы Аннӕйы тӕлмац Фӕззыгон та йӕ хӕррӕгътӕ кӕрцы Куы мысы хъӕд — фыдбӕгънӕг ӕмӕ царддзыд, Фӕстаг сыфау ӕз уадимӕ хӕцын, Мӕнг ныфсы таджы аскъуыйын нӕ уадзын. Ӕддейӕ схицау сахкъӕвда — къуырма, Фыддӕрадӕн ӕнцой нӕ дӕтты удӕн, Мӕ хъуыдытӕ ыстыхстысты, цыма Уымӕл базыл уӕрӕхӕппӕрст дзыккутӕ. Цы мын зӕгъдзӕни иугъӕдоны уард? Уӕлдайаг мын кӕй кӕсдзынӕ дӕхимӕ, Мӕ рудзынграз кӕй алӕудзынӕ — дард, Ӕмӕ — цӕугӕ дӕ арфӕвӕрд хъыгимӕ. Ӕмӕ ӕрмӕст дӕ сурӕтаууон ам Кӕуы ӕмӕ ӕрӕнкъард и, ӕррынчын. Ӕмӕ тӕрккъӕвда фестади хӕрам — Нӕй бамбӕхсӕн нӕ — хӕдзары, нӕ — уынджы.
Hammasini ko'rsatish...
👍 12
Photo unavailableShow in Telegram
🟢 Хуыздӕр ирон вариант: «Ӕнӕхъуаджы нӕ райхъал сты». Кӕд мемӕ разы нӕ дӕ, уӕд дӕлдӕр ныффысс дӕхи тӕлмац.
Hammasini ko'rsatish...
👍 11
📽 Киноныв "Бӕлццӕттӕ". Бирӕ адӕм тӕхынц ӕндӕр планетӕмӕ. Тӕхын хъӕуы 120 азы. Цӕмӕй ма зӕронд кӕной, уый тыххӕй сӕ бавӕрдтой гибернацийы (аразгӕ тарф фынӕй) хуыссӕнты. 30 азы фӕстӕ  ӕнӕнхъӕлӕджы райхъал ис сӕйраг архайджытӕй иу. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕфсонӕй нӕ райхъал ис. Дӕрддӕр фыссын ӕнӕ спойлертӕ. :-) Кинонывы слоганы ӕртӕ англисаг варианты: 🔴 Nothing is accidental. Nothing happens by accident. There's a reason we woke up early. 🟡 Уӕрӕсейы кинопрокатӕн равзӕрстой ахӕм вариант: «Ничто не случайно». Ацы слоган раивтой ирон ӕвзагмӕ афтӕ: "Ӕнӕнхъӕлӕджы ницы вӕййы". Уый та бамбарӕн ис афтӕ: "Ничего не бывает неожиданно" — nothing is unexpected. Ӕвӕццӕгӕн, ӕнӕнхъӕлӕджы бирӕ цыдӕртӕ вӕййы. Ацы тӕлмац дырысӕй не 'вдисы бакойгӕнӕджы сӕйраг хъуыды — "ӕнӕпайда ницы вӕййы", ома «хорз ӕмӕ фыд ӕмбӕлттӕ сты». Немыцагау: Es gibt einen Grund, warum sie aufgewacht sind. Есть причина, по которой они проснулись. Францагау: Ils ne se sont pas réveillés par hasard. Они проснулись не случайно. Ӕмӕ итайлагау: È troppo tardi per tornare indietro. Уже слишком поздно возвращаться. Уый дӕр раст у. Ӕнӕмӕнгӕй, бынтон ӕнӕ исты аивгӕйӕ, тӕлмац кӕнын нӕ хъӕуы.
Hammasini ko'rsatish...
👍 8
Мӕ царды мидӕг...Anonymous voting
  • ӕнӕнхъӕлӕджы ницы вӕййы
  • хаттӕй-хатт вӕййы ӕнӕнхъӕлӕджы цау
  • алы бон дӕр вӕййы ӕнӕнхъӕлӕджы цау
  • алцыдӕр у ӕнӕнхъӕлӕджы 😱
0 votes
Photo unavailableShow in Telegram
#дзырдуат ЦАЙЫ ТЫХХӔЙ ӕлдыгъгӕнӕн буаргъӕдтӕ - дубильные вещества эфирон зети - эфирное масло ӕвзалыгуыр - углерод туаггуыр - кислород хъуыдыкӕнынад - мышление
Hammasini ko'rsatish...
👍 9 2
ЦАЙЫ ТЫХХӔЙ Цай у нӕ иууыл уарзондӕр, хӕрзад нуазинаг. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, алчи нӕ зоны, цаймӕ бирӕ хосгӕнӕн миниуджытӕ кӕй ис, уый. Цайы сыфы ис ӕлдыгъгӕнӕн буаргъӕдтӕ, эфирон зети, урсӕгтӕ, ӕвзалыгуыр, минералон буаргъӕдтӕ, витаминтӕ. Адӕм цайы хосгӕнӕн миниуджытӕм тынг раджы ӕрдардтой сӕ хъус. Цай тыхджындӕр кӕны улӕфты цыд, рӕуджыты уӕлдӕфы ӕрзылд хуыздӕр кӕны, фылдӕр кӕны, рӕуджытӕ кӕй ӕрбаулӕфынц, уыцы туаггуыр, ӕмӕ кӕй раулӕфынц, уыцы ӕвзалытуаг газ. Сӕ уавӕр фӕхуыздӕр кӕны бронхиты, астмӕйӕ рынчынтӕн, йӕ рӕуджытӕ сахъат кӕмӕн сты, уыдонӕн. Цай уӕрӕхдӕр кӕны сӕры магъзы тугдадзинты, туаггуыр ӕм цӕуыны уавӕр фӕтыхджындӕр кӕны, активондӕр кӕны хъуыдыкӕнынад. Телевизор кӕнӕ компьютеры раз бирӕ рӕстӕг чи бады, уыдонӕн китайаг ахуыргӕндтӕ амонынц цӕмӕй нуазой цъӕх цай. Уый къаддӕр кӕны организмыл электромагнитон тынты ӕндӕвдад, уӕлдайдӕр та нервытӕ ӕмӕ зӕрдӕйы тугдадзинты системӕйыл. Ӕдзух цай чи цымы, уыдон вӕййынц хиуылхӕцгӕ, сӕ нервытӕ вӕййынц фидар. Уыдонӕн чырыстон ахаст вӕййы царды зындзинӕдтӕм, уды тыхстдзинадыл ӕнцондӕрӕй фӕтых вӕййынц. Цай хъӕлдзӕг куыд кӕны, афтӕ ӕнцаддӕр кӕны адӕймаджы. Цайӕ ма спайда гӕнӕн ис, куыд ӕнӕзианхӕссӕг фынӕйгӕнӕн фӕрӕз, афтӕ. Зӕгъӕм, англисӕгтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, сын бафынӕй кӕнынӕн ӕххуыс кӕны, ӕгӕр хъӕбӕр чи нӕ уа, ахӕм хъарм цайы чашкӕ, йе 'мбис ӕхсыр куыд уа, афтӕмӕй. Шотландиӕгтӕ ноджы тынгдӕр уарзынц цай. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, сӕм дзӕвгар азы чи цӕры ахӕмтӕ бирӕ уымӕн ис, ӕмӕ ӕдзух цымынц цай.
Hammasini ko'rsatish...
👍 5 1🔥 1
Photo unavailableShow in Telegram
ДИССАДЖЫ ЦЪИУ Ӕппӕты гыццылдӕр ӕмӕ диссагдӕр цъиуы мыггаг у колибри. Иуӕй-иуты уӕз дзы хӕццӕ кӕны дыууӕ граммӕ. Стыр ӕнӕнцой цард кӕнынц. Уӕлдӕфон акробат ӕмӕ диссаджы рӕвдз цъиу колибрийы уӕзы ӕртыккаг хай сты йӕ хӕцъӕфтӕ, йӕ зӕрдӕ та у йӕ риуы дзаг, минутмӕ кӕны 500-1200 цӕфы. Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй колибри сахатмӕ тӕхы цыппор астӕй — сӕдӕ фӕндзай километры онг. Иуӕй-иутӕ дзы тӕхгӕ-тӕхын секундмӕ сӕ базыртӕ тилынц 200 хатты, сырддонцъиу та — 13 хатты. Ӕрвылбон дӕр колибри стыр фыдӕбон кӕны хӕринаг агурыныл. Нуазы дидинджыты дон (нектар) ӕмӕ хатгай хӕры сасчытӕ дӕр. Цӕмӕй бафсӕда, уый тыххӕй йӕ басгарын фӕхъӕуы дыууӕ мин дидинӕджы бӕрц. Цы бахӕры, уый вӕййы йӕ уӕзы ӕрдӕджы бӕрц.
Hammasini ko'rsatish...
🔥 13
Хъазиты Мелитоны цӕстӕнгас: Нӕ бон у зӕгъын, Алеш кӕй кодта философон хъуыды: хорзӕй, цӕвиттойнагӕй чи хъуамӕ гуырид, уый гӕнӕн ис райгуыра ӕлгъагӕй, кӕна ӕлгъагӕй ӕлгъагдӕр; ӕлгъагӕй чи фӕгуыры, уымӕн та йӕ бон у, райгуыра зӕрдӕскъӕфӕй ӕмӕ кӕна зӕрдӕскъӕфӕй зӕрдӕскъӕфдӕр. Цардмӕ йӕ философон цӕстӕнгасӕй кӕсын ӕркодта йӕ цыбыр, фӕлӕ цымыдисон, зӕгъӕн ис, философон радзырд «Пехуымпар» ныффыссынмӕ. Алеш уыдта, зыдта, цард куыд дӕрзӕг у. Адӕмӕн йӕхи чи нывонд кӕны, уымӕ ноджы ӕгъатырдӕр сты. Радзырды лирикон хъайтар-фыссӕджы, зӕххыл чи нӕма уыдис, ахӕм уацмыс чи сфӕлдыста: «Ныр уӕларвон цӕрджыты ӕхсӕн нӕхи цӕмӕй равдисӕм, уый нын ис. Нӕ зонд, зӕххон адӕмы зонд, бынтон галиумӕ здӕхт кӕй нӕ у, ӕдзух фыддзинад ӕрымысыныл кӕй нӕ фӕлгъауӕм нӕ хъарутӕ, уый ныр тыгъды змӕлджыты дӕр куыннӕ бауырндзӕн», — йӕхицӕй афтӕ разы чи у, уыцы ӕвзонг пехуымпар йӕ фыны нӕ разы кӕны йӕ сихимӕ, зӕгъгӕ, адӕмы мыггаг сафинаг нӕу. Ома, адӕмы ды куыд хоныс: «...ӕгуыдзӕг уымӕн сты, сӕ хӕрзтӕм кӕй нӕ хъусынц», — афтӕ ӕвзӕр не сты. Фӕлӕ куы райхъал, уӕд кӕсы ӕмӕ: «Мӕ радзырды гӕххӕтт мӕ фарсмӕ нал уыд. Чидӕр дзы топпы нӕмгуытӕ сивтыгъта. Иу сыф ма дзы бӕласы цонгыл ауыгъд уыд, лыстӕг хуынчъытӕй. Ӕвӕццӕгӕн ӕй мысанӕн сӕвӕрдӕуыд». Уый, адӕмы мыггаг фесафын, ӕцӕг, буржзуазон философон цӕстӕнгас у: адӕм сӕ равзӕрдӕй фӕстӕмӕ ӕрмӕстдӕр сты фыдтыл хӕст ӕмӕ сты сафинаг. Фӕлӕ сӕ хъахъхъӕнӕг пахуымпар дӕр нӕу разы адӕмӕй: «Нырыонг кӕд мӕ утӕхсӕнгӕнджытӕ уыдысты, уӕддӕр сӕ ныр мӕ цӕсты раз авӕрдтон ӕмӕ мӕм тӕригъӕды ӕнкъарӕнтӕ фӕзынд». Тӕригъӕды ӕнкъарӕнтӕй та нӕдӕр цард фӕивӕн ис, нӕдӕр — йӕ фӕхуыздӕргӕнӕн. Ахӕм уацмыс сфӕлдисынмӕ цӕмӕй адӕймаг ӕрцӕуа, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъуамӕ царды тӕрӕнты фӕуа. Нафи дзы уымӕн загъта: «...равзӕрд адӕймагады фидӕныл Алешы ӕрхӕндӕг хъуыдыйӕ, философон пессимизмӕй». Фӕлӕ ӕмбӕхсинаг нӕу — не ’рвылбонон царды ӕгъатыр ӕмӕ ӕнӕсӕттон рӕстдзинадӕй. Дуне фӕивын ӕнцон куы уаид, уӕд К. Маркс «Фейербахы тыххӕй тезистӕ»-йы афтӕ нӕ загътаид: «Философы лишь различным образом объясняли мир, но дело заключается в том, чтобы изменить его». Дунейӕн, хъыгагӕн, радзырды лирикон хъайтары сих цы зондыл хӕст у, афтӕ ныппырхгӕнӕн ис; фӕивын нӕ комы. Уымӕн ӕмӕ, куыд зонӕм, афтӕмӕй пырх кӕнын ӕнцон у. Сӕйраг аразын у. Нывыл исты саразын. Уыцы хъуыддаг Алеш тынг хорз ӕмбӕрста. Уӕддӕр йе сфӕлдыстадӕй цард фӕрӕсугъддӕр кӕнынмӕ кӕй тырныдта ӕппынӕдзух ӕмӕ йӕ ӕцӕгдӕр кӕй аив кодта, ууыл дзурӕг у ацы, гуырахстӕй чысыл, фӕлӕ арф хъуыды кӕм ис, уыцы философон радзырд «Пехуымпар».
Hammasini ko'rsatish...
👍 7 3
Photo unavailableShow in Telegram
"Ӕз мӕ радзырд ногӕй бакастӕн ӕмӕ мӕхицӕй разыйӕ баззадтӕн. Кӕдӕй-уӕдӕй зӕххон адӕймагӕн дӕр йӕ бон сси ӕцӕг уацмыс сфӕлдисын..." Афтӕ райдайы Гуыцмæзты Алешы философон радзырд ПЕХУЫМПАР
Hammasini ko'rsatish...
👍 8 4