uk
Feedback
СапÆ

СапÆ

Відкрити в Telegram

• Ирыстоны хабӕрттӕ • Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ • Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ

Показати більше
1 300
Підписники
+124 години
Немає даних7 днів
-230 день
Архів дописів
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд? ➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ӕвзонг. ⚫️Дæхи «СапÆ»-йыл
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд? ➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ӕвзонг. ⚫️Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

Дунейы ӕппӕты стырдӕр ӕрдӕгсакъадах кӕцы у?
Anonymous voting

🔸 Дунейы фыццаг видеомагнитофон фӕзынд 1956 азы. Фӕлӕ уыд пианинойы йас. #цымыдисаг #факт #зонындзинӕдтӕ ⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл
🔸 Дунейы фыццаг видеомагнитофон фӕзынд 1956 азы. Фӕлӕ уыд пианинойы йас. #цымыдисаг #факт #зонындзинӕдтӕ ⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

🔸 Цы хӕрздӕф дзы у, уый мӕ цӕстытыл уайы. Видео ист у Къуыдаргомы Икъотыхъӕуы. #Ирыстоны_къамтӕ ⚫️Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

Беслӕны ӕвзонг артисттӕ рамбылдтой «Гордость нации — 2026»-ы Гран-при 🔻Налцыччы уыд IV Ӕппӕтуӕрӕсеон фестиваль-конкурс «Гордость нации — 2026». Ӕвзонг лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ дзы сӕхи ӕвдыстой алы жанрты. Ӕдӕппӕтӕй дзы архайдта 1700 адӕймаджы. Беслӕны районы Культурӕйы галуаны эстрадон хор «Prima» дзы рамбылдта Гран-при. Азырыдысты Леонид Агутины зарӕг «Включите свет». Галуаны хъомылгӕнинӕгтӕй хицӕн зарджытӕ чи акодта, уыдон та рамбылдтой 8 сызгъӕрин ӕмӕ 5 ӕвзист майданы. ⚫️Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

Цхинвалы хӕстӕгдӕр рӕстӕг фӕзындзӕн национ хуызы аивгонд транспорт 🔻Эскизтыл бакуыстой нывгӕнджытӕ Джиоты Къоста ӕмӕ Филипп
Цхинвалы хӕстӕгдӕр рӕстӕг фӕзындзӕн национ хуызы аивгонд транспорт 🔻Эскизтыл бакуыстой нывгӕнджытӕ Джиоты Къоста ӕмӕ Филипп Дульмаченко Санкт-Петербургӕй. Семӕ куыста Дауыраты Ацӕмӕз дӕр. Нывтыл ӕрныхас кодтой сӕрмагонд къамисы уӕнгтӕ. Ӕркастысты 10 нывмӕ. Равзӕрстой дзы дыууӕ. Ныр ма сыл бакусдзысты ӕппӕт фиппаинӕгтӕ хынцгӕйӕ. Фыццаг саив кӕндзысты 7 маршрут. Бацӕттӕ йӕ кӕндзысты 25 августмӕ. ➡️ Эксперттӕ равзӕрстой дыууӕ эскизы. Фыццаг фӕзындзӕн сырх хуызы конд автобус (нывыл фыццаг). Ацы хъӕппӕрис нӕ зӕрдӕмӕ дӕр фӕцыд. Ирон культурӕимӕ зонгӕ кӕнынӕн цымыдисаг ӕмӕ ахадгӕ у. Уый размӕ ма «Сапӕ» фыста йӕ хъуыды, Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕ саивгӕнӕн куыд ис, уый тыххӕй.  ⚫️Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

Кировы районы байгом кӕндзысты сывӕллӕтты хъӕппӕристы центртӕ 🔻Центртӕ кусдзысты районы скъолаты. Ахӕм уынаффӕ рахаста респу
Кировы районы байгом кӕндзысты сывӕллӕтты хъӕппӕристы центртӕ 🔻Центртӕ кусдзысты районы скъолаты. Ахӕм уынаффӕ рахаста республикӕйы ахуырады министр Алыбегты Эллӕ. Сывӕллӕттӕн фадат уыдзӕн, цымыдисаг сӕм цы къабӕзтӕ кӕсынц, уым сӕ проекттӕ сӕххӕст кӕнынӕн. ⚫️Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

Алы райсом пайдаимӕ! 📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы. #ӕлвӕст_хъуыдытӕ #ӕмб
Алы райсом пайдаимӕ! 📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы. #ӕлвӕст_хъуыдытӕ #ӕмбисонд ⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд? ➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — донмарӕн. ⚫️ Дæхи «СапÆ»-
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд? ➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — донмарӕн. ⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

Цыппаркъуымоны ӕппӕт тигътӕ цал градусы сты?
Anonymous voting

🔸 Сымах дӕр фӕндид сӕрдыгон миты къуыбӕрттӕй ахъазын? Мамысонгом, экологон фӕндаг «Мамихдон». #Ирыстоны_къамтӕ ⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

Цӕгат Ирыстоны сывӕллӕтӕн лӕвар экскурситӕ 🔻Скъолайы агъоммӕйы уагдӕтты хъомылгӕнинӕгтӕн ис Тугъанты Махарбеджы номыл музейм
+1
Цӕгат Ирыстоны сывӕллӕтӕн лӕвар экскурситӕ 🔻Скъолайы агъоммӕйы уагдӕтты хъомылгӕнинӕгтӕн ис Тугъанты Махарбеджы номыл музеймӕ ӕмӕ космонавтикӕйы скъоламӕ лӕвар цӕуыны бар. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы ахуырады министрад. ⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

Бинонтӕ — уый хорз у 🔻1 сентябрӕй фӕстӕмӕ, бинонтӕ чи скодта ӕмӕ сывӕллон кӕмӕн ис, ахӕм студенттӕн ӕмдзӕрӕны дӕтдзысты хицӕ
Бинонтӕ — уый хорз у 🔻1 сентябрӕй фӕстӕмӕ, бинонтӕ чи скодта ӕмӕ сывӕллон кӕмӕн ис, ахӕм студенттӕн ӕмдзӕрӕны дӕтдзысты хицӕн уӕттӕ. Ног домӕнтӕм гӕсгӕ уӕлдӕр скъолатӕ хъуамӕ сӕ сайтты мыхуыр кӕной, студенттӕй бинонты хъуыддаг чи бакодта ӕмӕ сывӕллон кӕмӕн фӕзынд, уыцы къайты номхыгъд. Уымӕй уӕлдай саразой, ӕрыгон бинонты курдиӕттӕм чи кӕсдзӕн, ахӕм сӕрмагонд къамис. ➡️ Хицӕн уат райсыны тыххӕй ӕрыгӕтты хъӕудзӕн къайы регистраци, стӕй сын сывӕллон кӕй райгуырд уый тыххӕй ӕвдисӕндартӕ равдисын. ⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

Цӕгат Ирыстонмӕ сластой Мария Ясыняйы стӕгдары къӕрттытӕ 🔻Алайнаг епархийӕн ахӕм лӕвар скодта Владимиры ӕмӕ Суздалы метропол
+1
Цӕгат Ирыстонмӕ сластой Мария Ясыняйы стӕгдары къӕрттытӕ 🔻Алайнаг епархийӕн ахӕм лӕвар скодта Владимиры ӕмӕ Суздалы метрополит Никандр. Уый тыххӕй фехъусын кодта Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг епархийы пресс-службӕ. Ахӕм стыр лӕвар республикӕйыл куы сӕмбӕлд, уӕд кънйаз Владимиры номыл аргъуаны сарӕзтой дины аргъуыд. ➡️ Мария Ясыня уыд яссаг (алайнаг) чызг. Смой кодта Всеволод Большое Гнездомӕ ӕмӕ сын райгуырд 12 сывӕллоны. Александр Невский у йӕ фӕдон. ⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

Цӕгат Ирыстонмӕ сластой Мария Ясыняйы стӕгдары къӕрттытӕ 🔻Алайнаг епархийӕн ахӕм лӕвар скодта Владимиры ӕмӕ Суздалы метропол
+1
Цӕгат Ирыстонмӕ сластой Мария Ясыняйы стӕгдары къӕрттытӕ 🔻Алайнаг епархийӕн ахӕм лӕвар скодта Владимиры ӕмӕ Суздалы метрополит Никандр. Уый тыххӕй фехъусын кодта Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг епархийы пресс-службӕ. Ахӕм стыр лӕвар республикӕйыл куы сӕмбӕлд, уӕд кънйаз Владимиры номыл аргъуаны сарӕзтой дины аргъуыд. ➡️ Мария Ясыня уыд яссаг (алайнаг) чызг. Смой кодта Всеволод Большое Гнездомӕ ӕмӕ сын райгуырд 12 сывӕллоны. Александр Невский у йӕ фӕдон. ⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

Алы райсом пайдаимӕ! 📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы. #ӕлвӕст_хъуыдытӕ #ӕмб
Алы райсом пайдаимӕ! 📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы. #ӕлвӕст_хъуыдытӕ #ӕмбисонд ⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд? ➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ницы. #дзырдуат ⚫️ Уæхи «
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд? ➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ницы. #дзырдуат ⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут

Адарддӕр кӕн ӕмбисонд: «Уазӕг — ...»
Anonymous voting

🔸 Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйаг тӕрхондон хӕдзарӕй куыстмӕ фӕндаг банымадта кусгӕ рӕстӕгыл. #цымыдисаг #факт #зонынд
🔸 Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйаг тӕрхондон хӕдзарӕй куыстмӕ фӕндаг банымадта кусгӕ рӕстӕгыл. #цымыдисаг #факт #зонындзинӕдтӕ ⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс

🔸 Ӕмӕ та радон хатт бакӕсӕм раздӕры Дзӕуджыхъӕумӕ. 1969—1970 азы уыд ахӕм. Зӕронд хуызы трамвайтӕ ӕмӕ автобустӕ ныр ӕрыгӕтты
+6
🔸 Ӕмӕ та радон хатт бакӕсӕм раздӕры Дзӕуджыхъӕумӕ. 1969—1970 азы уыд ахӕм. Зӕронд хуызы трамвайтӕ ӕмӕ автобустӕ ныр ӕрыгӕтты дисы бафтаудзысты, цъӕх фӕлыст дӕр дзы нырма къаддӕр ис. Фӕлӕ къамтӕй дӕр бӕрӕг у, уыцы рӕстӕджы цыдӕр ӕнахуыр, фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕн ӕхсызгон уддзӕф кӕй уыд, уый. Ӕви уый махыл азтӕ рацыд ӕмӕ нӕм уымӕн афтӕ кӕсы? #Ирыстоны_къамтӕ ⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс