КОЦОЙТЫ Арсен
ФЫНДДÆС АЗЫ
Хъæугæрон хибарæй лæууыди куырой, Далойты Хъæвдыны куырой.
Хъæубæсты куырæйттæ бирæ уыди, фæлæ адæм сæ хор ссынмæ арæхдæр ластой Хъæвдыны куыроймæ. Уым хор нæ давтой, уым афойнадыл куыст æххæст кодтой, уым мызд иннæ куырæйттæй къаддæр истой.
Хъæвдын æрбадти куыройы фондз æмæ ссæдзазыккон лæппуйæ.
Уæдæй фæстæмæ уый нал цыди хъазтмæ, нал цыди ныхасмæ, цыма адæмы æхсæнмæ цæуыныл сомы бакодта, уый хуызæн йæхи дардта.
Куыстæй-иу æй куы равдæлди, куроймæ хæстæг-иу адæмæй куы ничи уыди, уæд-иу рацыди Хъæвдын æмæ-иу, сæр риуыл æруадзгæйæ, къухтæ фæсонтыл сæвæргæйæ, доны былтыл рацу-бацу кодта. Кæнæ-иу лæууыдаид, æнæзмæлгæйæ, сахат, дыууæ сахаты æмæ фылдæр.
Куыроймæ цæуæг адæмæй-иу исчи исты æнæхъуаджы ныхас куы райдыдтаид, уæд-иу Хъæвдын йæхи азылдта, аиуварс кодта...
Цы кодта Хъæвдын? Цы мæстæй тайы йæ сæрымагъз? Цы хъыгдзинадæй судзы йæ зæрдæ?
Фынддæс азы размæ Хъæвдын хъæубæсты æвзаргæдæр лæппутыл нымад уыди, хъазты фидауц, фæдисы раздзог, куысты фæллад чи нæ зыдта, æгъдауæй æмæ хъаруйæ æххæст чи уыди.
Фынддæс азы размæ, Уациллайы бон, хъæуы æддейы Хъазæн фæзы стыр хъазт уыди. Хъазт йæ тæккæ тынгыл уыд, афтæ Хъæвдынимæ цы чызг симдта, уый æвиппайды йæхи лæппуйы къухæй арæмыгъта æмæ хъазты астæуты, æнæ фæстæмæ фæкæсгæйæ, хъæумæ ацыди.
Адæмæй уый чи фæхъуыды кодта, уыдон дис кодтой — цы йыл æрцыди, зæгъгæ.
— Кæд æм исты сдзырдтай? — бафарста Хъæвдыны йæ хæлæрттæй иу.
Хъæвдын йæ сæр батылдта æмæ загъта:
— Ницы. Æппындæр ницы.
Фæлæ уыйфæстæ йæ зæрдыл æрлæууыди, симджыты рæнхъæй хицæн кæнгæйæ, чызджы риуыл æнæбары кæй анцади йæ рæмбыныкъæдзæй.
Дыккаг бон сæумæрайсом айхъуысти хъæуыл:
«Дысон фæсахсæвæрты, Далойты Хъæвдын быдыры рæгъау бæрæг кæнынмæ уыди, фæстæмæ куы раздæхти, уæд ыл Цорæты Æнхъæлы фырттæ, къутæрты бынæй ралæбургæйæ, æвиппайды сæхи ныццавтой. Хъæвдынæн хæцæнгарз фелвасын йæ къухы нал бафтыд. Æфсымæрты хистæр Годах æруагъта цыргъ хъама æмæ йын йæ галиу хъус йæ тæккæ рæбыныл алыг кодта».
— Стыр фыдбылызтæ æрцæудзæн, — дзырдтой хъæубæстæ.
— Хъæвдын Цорæты афтæ нæ ныууадздзæн.
Фæлæ Хъæвдын маст исыны бæсты куыройы æрбадти.
— Барæй йæхи æрсабыр кодта, — дзырдтой иутæ.
— Æбуалгъ ист ракæндзæн Хъæвдын йæ туг, — дзырдтой иннæтæ. Хъæубæстæ бонæй-бонмæ æнхъæлмæ кастысты, ныр æрцæудзæн, уæд æрцæудзæн фыдбылыз.
Фæлæ цыдысты мæйтæ мæйты фæстæ, азтæ азты фæстæ — Хъæвдынмæ маст исыны койæ ницы уыди.
Уæд æм цæуын байдыдтой куыроймæ йæ рагон хæлæрттæ. Дзырдтой йын:
— Æгады царды бæсты мæлæт хуыздæр у. Цæуылнæ исыс дæ маст?
Хъæвдын-иу бацин кодта йæ хæлæрттыл, фæлæ сæ маст исыны тыххæй дзурын нæ уагъта. Уæд ыл хæлæрттæ дæр ауыгътой сæ къух.
Цыдысты йæм йæ хотæ æмæ йæ зæронд мад æмæ дзырдтой:
— Худынц адæм. Зæгъынц: «Хъæвдын фесæфти, æгады бынаты баззади»... Махæн дæр дуармæ ракæсæн нал ис... Цæуылнæ исты амал кæныс дæ ном ссыгъдæг кæнынæн?
Азтæ цыдысты азты фæстæ.
Æхсæрдæсæм аз, хосгæрдæнты, иу райдзаст райсом хъæубæстæй чидæртæ уынынц — рацæуы Хъæвдын бæхуæрдонæй, гуыффæйы æвæрд — цæвæг æмæ сагой.
— Кæдæм рараст ис ацы æвзæр? — дзырдтой худгæйæ. — Куыройы бадын йæ зæрдæмæ нал цæуы æмæ йæ быдыры куыстæй ивы, æвæццæгæн!
***
Хур чысыл сзынди, йæ тынтæ къуыбырæй къуыбырмæ, бæласæй бæласмæ нывæнды. Бæлæстæй æмæ къутæртæй мæргътæ зыланг зардæй цин кæнынц боны ралæудыл, хуры скастыл. Дард кæцæйдæрты, адæймаджы зарын дæр хъуысы. Куыд нæ зара адæймаг дæр, куыд нæ рухс кæна йæ зæрдæ дунейы рæсугъддзинæдты уындæй!..
Фæлæ уый та циу? Хъуысы хъæр:
— Гъе-е, Батрадз, Годахы фырт! Рацу ардæм, хæстæ куы дарæм кæрæдзийæ... Рацу банымайæм сæ!
Фæндагæй иртæст, бæлæсты аууон, ифтыгъд уæрдон лæууы. Бæх, æртæхджын кæрдæг хæргæйæ, куы иуæрдæм аздæхы, куы иннæрдæм. Уæрдоны мидæг зынынц цæвæг æмæ сагой. Уæрдоны фарсмæ, чысыл обауыл, бады иу-дыууиссæдзазыккон лæг. Нымæтхуд галиу сæры фахсыл фæлдæхт, астæуыл — хъама, рахиз уæхскыл — æнцойгонд топп, галиу къухы лулæ хаттæй-хатт бæзджын фæздæг суадзы.
Хъæр кодта уыцы лæг.
Йæ хъæрæн дзуапп ничи ратта. Уæд райста хъæргæнæг лулæ дзыхæй æмæ та адзырдта: