cookie

Utilizamos cookies para mejorar tu experiencia de navegación. Al hacer clic en "Aceptar todo", aceptas el uso de cookies.

avatar

СапÆ

• Ирыстоны хабӕрттӕ • Рухстауӕн ӕрмӕджытӕ • Ирхӕфсӕн рубрикӕтӕ

Mostrar más
Publicaciones publicitarias
1 015
Suscriptores
Sin datos24 horas
+37 días
+5130 días

Carga de datos en curso...

Tasa de crecimiento de suscriptores

Carga de datos en curso...

Photo unavailableShow in Telegram
«Сапӕ» йӕ бафысджытӕн бацӕттӕ кодта ног рубрикӕ! 🔻Ацы хатт литературӕ ӕмӕ аив рӕнхъытӕ чи уарзы, уыдонӕн. Ӕгомыг, фӕлӕ миддуне ӕргомгӕнӕг. Кӕйфӕнды зӕрдӕйы дуар байгом кӕнынц. Кӕмӕн сӕ рыст айсынц, кӕй та цин бауадзынц. Ахӕм у зӕрдӕйӕ рӕнхъыты тых. Ӕмдзӕвгӕтӕ схонӕн ис дзырдты музыкӕ. Уӕвгӕ, аив рӕнхъытӕ алкӕй зӕрдӕйы дӕр сӕвзӕрын кӕнынц алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ. Цавӕр? Удтӕ ӕргомгӕнӕг, зӕрдӕмӕхъаргӕ, ныфсдӕттӕг… ➡️ Уӕ сусӕг хъуыдытӕй уын цы раргом кӕндзысты, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ сын сын мидис ӕмӕ аивдзинад иумӕ банкъарӕм. #зӕрдӕйӕ_рӕнхъытӕ
Mostrar todo...
7🤝 2💯 1💋 1
Photo unavailableShow in Telegram
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд? ➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — минӕварад. ⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Mostrar todo...
👍 9 1💯 1
Диего Марадонна цавӕр бӕстӕйы иугонд командӕйы хъазыд?Anonymous voting
  • Бразилийы
  • Португалийы
  • Аргентинæйы
  • Уругвайы
0 votes
👏 4👌 2 1
Photo unavailableShow in Telegram
🔻Ӕмбисӕндтӕ бирӕ. Ӕвдисынц алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ, монцтӕ, царды фӕзындтӕ. Се 'ппӕтыл иу ӕрмӕджы нӕ аххӕсдзыстӕм. 📆 Абон равзӕрстам ахӕм. #ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Mostrar todo...
👍 5 2💯 2👌 1
00:16
Video unavailableShow in Telegram
Фарныхъӕуы разамынд зӕрдӕ бавӕрдта мӕймӕ хъӕугӕроны бырондон ссыгъдӕг кӕнын 🔻Бетон къӕйтӕ, саст агуыридуртӕ, саст бӕлӕстӕ: Фарныхъӕуы Цъӕхилты ӕфсымӕрты уынджы цӕрджытӕ ахӕм нывтӕм алы бон кӕсынц. Терчы былӕй быгъдон иу-дӕс азы размӕ рауад. Афтӕмӕй дзы хизы хъӕуы цӕрджыты фос. 💬 «Беслӕны 'рдыгӕй доны былгӕрӕттӕм зилынц. Фарныхъӕуы алыварс та сыгъдӕг ран метры бӕрц дӕр не 'ссардзынӕ. Уым — рӕсугъд бынат, ам та — быгъдон. Хъыг та уый у, ӕмӕ сӕ арӕзтадон бырӕттӕ ардӕм не 'мхъӕуккӕгтӕ кӕй ласынц», — радзырдтой «Сапӕ»-йӕн Цъӕхилты ӕфсымӕрты уынджы цӕрджытӕ. Хъӕуы хицау Галуаты Зауыр иу ӕмӕ дыууӕ азы нӕ архайы уавӕр хуыздӕрырдӕм аивыныл. Фӕлӕ бырон къаддӕр нӕ, фӕлӕ фылдӕр кӕны. 💬 «Ӕмбарын ӕй, алкӕй бон нӕу арӕзтадон бырон раласынӕн фидын. Фӕлӕ мӕм уыцы фарстаимӕ иунӕг дӕр нӕма ӕрбацыд, ӕндӕр мӕ бон цӕмӕй у, уымӕй сӕм фӕкӕсин. Алы уалдзӕг фӕсивӕдимӕ рацӕуӕм, хъӕуы алыварс бафснайӕм. Фӕлӕ арӕзтадон бырон уӕззау у, ӕнӕ техникӕйӕ йын нӕ бон ницы у», — зӕгъы Фарныхъӕуы хицау Галуаты Зауыр. Фарныхъӕуы алыварс фӕзуӕттыл Россельхознадзоры специалистты цӕст ӕрхӕцыд. Хъӕууон-хӕдзарадон зӕххытӕй бырондон кӕй рауад, уый тыххӕй бӕлвырд гӕххӕтт арвыстой районы администрацимӕ. Уым та зӕрдӕ бавӕрдтой хӕстӕгдӕр рӕстӕг ӕй кӕй бафснайдзысты, уымӕй. 💬 «Бырӕттӕ, ӕнӕмӕнг, раласын хъӕуы. Уыцы хъуыддагыл Фарны администрацийы разамонӕг бакусдзӕн. Мах сын ӕппӕт хъӕугӕ техникӕ ратдзыстӕм. Мӕймӕ зӕххытӕ ссыгъдӕг кӕндзыстӕм», — загъта «Сапӕ»-йӕн районы администрацийы сӕргълӕууӕг Мырыкаты Хъазыбег. ⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Mostrar todo...
👍 4 3🔥 2
Photo unavailableShow in Telegram
Рагагъоммӕ информацимӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ӕвзӕрстыты рӕстӕг Цӕгат Ирыстоны кусдзӕн иунӕг участок 🔻Республикӕйы цал участочы кусдзӕн, уый тыххӕй политикон партитӕм бӕлвырд информаци нӕма ис. Партитӕ ӕмӕ иумандатон кандидаттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Центрон ӕвзарӕн къамисы уынаффӕмӕ, фӕлӕ йӕ нӕма фехъусын кодтой. 💬 «Рагагъоммӕ информацимӕ гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны кусдзӕн ӕрмӕст иунӕг участок, Хуссар Ирыстоны минӕварады. Афтӕмӕй та республикӕйы минӕвӕрттӕй цӕгаты чи цӕры, уыдон цалдӕр мин адӕймаджы сты. Уыцы бӕстыхайы та ӕппынфылдӕр схъӕлӕс кӕныны бон уыдзӕн 2 мин адӕймагӕн», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн политиктӕй иу. «Адӕмы иудзинад»-ы партийы кандидат Джуссойты Алан куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй Центрон ӕвзарӕн къамис хъуамӕ уынаффӕ рахӕсса ӕмӕ йӕ рагацау фехъусын кӕна, ӕппынфӕстаг ӕвзӕрстытӕй къуыри раздӕр. Уӕдмӕ та кандидаттӕ агитацион куыст канд Хуссар Ирыстоны нӕ кӕнынц. ➡️ Иу хатт ма уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм, Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ӕвзӕрстытӕ уыдзысты 9-ӕм июны. ⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Mostrar todo...
👍 3🤔 2🤯 2
Photo unavailableShow in Telegram
«Ӕрмӕст адӕм чингуытӕ кӕсӕнт»: Хуссар Ирыстоны чиныгдоны национ залӕй фӕнд кӕнынц коворкинг скӕнын 🔻Уагдоны директор Гуыцмӕзты Иннӕ «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй адӕмы фылдӕр хай се 'ргом электрон чингуытӕм аздӕхтой. Ныртӕккӕ чиныгдон схонӕн ис чиныджы музей. Чи зоны, гӕххӕттӕй чиныг суыдзӕн ивгъуыды экспонат ӕмӕ йӕм адӕм дисгӕнгӕйӕ кӕсдзысты. 💬 «Уадиссагӕй дзы ницы ис, ӕрмӕст адӕм чингуытӕ куы кӕсиккой. Раздӕр пергаментыл, кӕнӕ дуртыл кӕй фыстой, ууыл ныры дуджы йӕ сӕр ничи хойы ӕмӕ дзыназы. Рӕстӕг ивы ӕмӕ гӕххӕттӕй чиныг ивы нымӕцон технологиты хуызмӕ», — ӕмбарын кӕны Гуыцмӕзты Иннӕ. Хъыгагӕн, чингуытӕ нымӕцон хуызмӕ раивынӕн республикӕмӕ фӕрӕзтӕ нӕй. Афтӕмӕй та чиныгдоны къӕбицы ис стӕм чи ӕмбӕлы, ахӕм ирон литературӕ ӕмӕ йӕ бахъахъхъӕнын тынг ахсджиаг у. Цӕмӕй фылдӕр чиныгкӕсджытыл аххӕссой, уый тыххӕй уагдоны кусджытӕ разӕнгардӕй архайынц социалон хызӕгты. Ис сӕм ног фӕндтӕ дӕр. Зӕгъӕм, кӕсӕн залӕй сӕ фӕнды коворкинг скӕнын. 💬 «Чиныгдоны агъуыстытӕ стыр сты. Коворкингӕн бӕззынц, стӕй адӕмы зӕрдӕмӕ дӕр хъуамӕ фӕцӕуа. Стӕй дзы сабыр у. Ныридӕгӕн дӕр адӕмӕй бирӕтӕ ӕрбацӕуынц ноутбуктимӕ ӕмӕ дзы фӕкусынц. Цӕмӕй сын ноджы ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй вайфай дӕр бауагътам», — зӕгъы чиныгдоны хицау. ⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Mostrar todo...
6👏 4👍 3
Мӕздӕджы районы ӕнӕхӕдзар куыйтӕн байгом кодтой 28 милуан сомы аргъ приют 🔻«Моздокпитомник»-ы хицау сси Гусаты Зауырбег. Приют хъуамӕ скуыстаид фарон декабры. Йӕ арӕзтадыл республикон бюджетӕй схардз кодтой 25 млн сомы, районы бюджетӕй та 3 млн сомы. Районы разамындӕн дӕргъвӕтин рӕстӕг арӕзтад райдайын йӕ бон нӕ уыд. Проект сӕххӕст кӕныныл бирӕтӕ нӕ разы кодтой, уыимӕ дзӕвгар хъӕстытӕ уыд. ⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Mostrar todo...
👍 3 3🎉 3👏 1
Photo unavailableShow in Telegram
Ацы хъусынгӕнинаг дӕ бахъӕудзӕн: 🔸 Дзӕуджыхъӕуы Кировы уынджы 64-ӕм хӕдзары Дзиуаты Земфирæйы ӕрмадзы байгом куклаты равдыст. Бакуыстой сыл Саральп Мадинӕ ӕмӕ Годжыцаты Изольдӕ. Равдысты фенӕн уыдзӕн ӕрмдӕснытӕ куклатӕ куыд кӕнынц, уый. Равдыстмӕ ӕрбацӕуӕн ис алы бон дӕр 12 сахатӕй 20 сахатмӕ. 🔸 Дзанайты Азанбеджы номыл аивӕдты училищӕйы 28-ӕм майы 12 сахатӕй 16 сахаты онг уыдзæн гом дуӕртты бон. 11 сахатыл та дзы равдисдзысты дӕсныйадӕвдисӕг ахуыртӕ дизайнӕй. Се 'ппӕты хонынц Дзӕуджыхъӕуы Марковы уынджы 26-ӕм бӕстыхаймӕ. 🔸 Журнал «Дарьял» ӕмӕ интернетдӕттӕг организаци «М2 Коннект» хъусын кӕнынц фантастикӕйы конкурс «Система знаков»-ы дыккаг сезон кӕй райдыдта, уый тыххӕй. Сӕ бон дзы бацархайын у куыд фысджытӕн, афтӕ нывгӕнджытӕн дӕр. Конкурсы домӕнты тыххӕй бӕлвырддӕр базонӕн ис ам. 🔸 Райсом, 28-ӕм майы, уыдзӕн Цхуырбаты Аланы разамындӕй чингуыты клубы радон фембӕлд. Ацы хатт ныхас кӕндзысты Лев Толстойы уац «Хаджи-Мурат»-ыл. Ӕмбырд кӕнынц 18:30-мӕ театр ШКиТ-ы. Бæлвырддæр информаци базонæн ис ам. Къам: Басаты Хъазыбег ⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссут
Mostrar todo...
2👌 2🤝 2
Photo unavailableShow in Telegram
«Сапæ» кæддæриддæр ис рухс фарсыл! 🔻Ацы къуыри нӕ хъайтар у Мӕрзойты-Хъыргъуты Верӕ. Сылгоймаг сбӕрӕг кодта йӕ 100 азы юбилей. Бирӕ цӕрӕнбонты сусӕгдзинадыл та нымайы — куыстуарзондзинад. Верӕ зын рӕстӕг схъомыл. Сӕххӕст йӕ бӕллиц дӕр — каст фӕцис техникум ӕмӕ куыста медицинон хойӕ. Уӕдӕ, уыцы азты колхозы чи нӕ куыста, ахӕм нӕ уыд. Семӕ Верӕ дӕр. Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй-иу кӕд арӕх ӕхсӕвӕй-бонӕй куыста, уӕддӕр фӕллад нӕ зыдта. 💬 «Ӕнкъард никуы кодтон. Фӕскуыст та чи тагъддӕр цъындатӕ быдтам», — радзырдта нын Мӕрзойты-Хъыргъуты Верӕ. Сыхӕгтӕн хуыдта хӕлӕфтӕ ӕмӕ хӕдӕттӕ. Ныр дӕр ма палто бахуыйынмӕ йӕ ныфс хӕссы. 💬 «Ныртӕккӕ цӕрыны рӕстӕг ӕрцыд», — зӕгъы ӕнусы карӕн сылгоймаг. Цӕрынӕн хорз рӕстӕг та уымӕн у ӕмӕ сылгоймаг кӕстӕрты хуртӕй амонджын у. Йӕ цоты цот ӕмӕ уыдоны кӕстӕртӕ 30 сты. Верӕ та сын уарзон зондамонӕг нана у. Рубрикæ «Къуырийы хъайтар»-ы уæ зонгæ кæнæм нæ редакци æмæ бафысджытæ хуыздæрыл кæй банымадтой, уыцы адæймагимæ. ⚫️ Уæхи «СапÆ»-йыл бафыссутв
Mostrar todo...
9😍 3🥰 2🙏 1