cookie

We use cookies to improve your browsing experience. By clicking «Accept all», you agree to the use of cookies.

avatar

Фидиуӕг

Зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ацы каналы уӕ бон у ӕрвылбон фӕрсат/кӕсат ног хабӕрттӕ нӕ рӕсугъд ирон ӕвзагыл! Стӕй-ма @ironkanal дарддӕр рекомендаци кӕнут уе 'мбӕлттӕн ӕмӕ уӕ хӕстӕджытӕн. Стыр бузныг, @ironkanal

Show more
Tajikistan4 880The language is not specifiedSports22 052
Advertising posts
1 027Subscribers
-124 hours
+207 days
+7830 days

Data loading in progress...

Subscriber growth rate

Data loading in progress...

📚Цы у хъысмæт? Йæ сæйраг нысаниуæгмæ гæсгæ хъысмæт нысан кæны адæймаджы цардвæндаг, куыд цауты æмдзыгуыр, уæлдæр тыхтæй рагбæрæггонд æмæ кæдон цæуынц хæдбар йæ (адæмæймаджы) фæндонæй. Ирон аембисонд афтае заегъы: : Хъысмœты цардвæндагæй иуварс ахизæн нæй. Цал синонимы зонæм "хъысмæтæн": амонд, адзал, ныв (нивæ), нысанœвард, ныхыфыст, ныхыдзуар, хай, хал, хардз. Цы нысан кæнынц ацы ныхæстæ æмæ цæмæй хицæн кæнынц хъысмæтæй æмæ кæрæдзийæ?
Show all...
1 1🔥 1🤔 1👀 1
🎭 Скъуыддзаг спектакль «Паддзах Лир»-ӕй. Лир - ТӔБӔХСӔУТЫ Бало Карделия - ТУМЕНАТЫ Еленӕ 1948 аз. #журналмахдуг #иронтеатр
Show all...
4👍 2👏 2🔥 1
💬 «Цард афтæ цыбыр у æмæ нæ царды нысаниуæг уый мидæг, цæмæй нæ фæстæ ныууадзæм хорз ном, стæй-ма баззайæм цæвиттойнаг ног фæлтæртæн» - Тедеты Дзамболат
Show all...
👍 8💯 3🔥 2🥰 1👏 1
🏛️ Авд къайы Хуссар Ирыстоны абон 24.04.2024 ӕмкъайады бацӕудзысты,- ЗАГС-ы кусӕг Тедеты Лиана.  ❓Цыма Цӕгаты та цал къайы баиу кӕндзысты сӕ хъысмӕттӕ?
Show all...
👍 7 2🔥 2🥰 1👏 1
⚡️ Ирон культурӕйы бонтӕ уагьд цӕудзысты майы Люксембурджы,- Хуссар Ирыстоны минӕвар Европӕйы Пухаты Родион.
Show all...
👏 6 4🔥 2👍 1🥰 1
⚽ Ирон футбол 5 азы размӕ уыд ахӕм бӕрзонд къӕпхӕныл ӕмӕ 24 апрелы 2019 азы «Аланийы» хъазӕг Цхуырбаты Валери хъазты рӕстӕджы рыппӕрста бабызы портийӕ.
Show all...
4 2🔥 2😁 2👏 1
⚡Тæссаг уавæр у ныр Арменийы æмæ Гуырдзыстоны, куыд хъусын кæнынц æдасдзинады кусджытæ, уымӕ гӕсгӕ тагъд рæстæджы Гуырдзыстоны дæр æмæ Арменийы дæр хъуамæ 'рцæуа паддзахадон фæфæлдæхт.
Show all...
🤔 4 3🔥 2👏 2😁 1
💎 Удварны уидæгтæ Кувæндæттæ сты рагæй-æрæгмæ ирæтты фыдæлтæй баззайгæ дины иу хай. Кувæн бынат йæхæдæг дæр стыр ахъаз у адæмы иудзинадæн. Ам, иумæйаг бынаты, æрбамбырд вæййынц æмæ фæкувынц Хуыцаумæ. Цалдæр кувæндоны ис Рахизфарсы районы зæххыл. Се ‘хсæн ис, Беслæны цы Лæгты зæды кувæндоны арæзтад фæхæццæ кæны кæронмæ, уый. Æрæджы йæ бабæрæг кодтам, ныхас кодтам кувæндоны советы раздæры сæрдар, кадджын хистæр Алыккаты Хасанимæ. Æрзылдыстæм бæстыхайыл, лæмбынæг нын радзырдта, цы дзы ис, цы дзы æрцыд арæзт, чи сын æххуыс кодта æмæ абоны онг дæр чи хæссы йе ‘ххуысы хай ирон адæмы фыдæлтæй баззайгæ æгъдæуттæ бахъахъхъæныны хъуыддагмæ. бæлвырддæр кæсут: https://vk.com/wall-217633221_687
Show all...
👍 3 3 2🔥 1💯 1
🖥 Хуссар Ирыстоны æнæлимитон интернеты аргъ у æрмæст 8,5 доллары æмæ ацы æвдисæгмæ гæсгæ нæ ирон паддзахад ахсы астæуккаг бынат иннæ паддзахæдты хсæн аслам æмæ зынаргъ интернетмæ гæсгæ.
Show all...
🔥 2 1🥰 1😁 1💯 1
📍 Хумæтæг бон, хуымæтæг сывæллæттæ китайаг сабидоны. Цыма чысылæй уым сæхи æфсадмæ цæттæ кæнынц, уыййау афтæ бирæ физикон фæлтæрæнтæ уымæн аразынц. Сымах та кæд бакуыстат фæстаг хатт уæхиуыл?
Show all...
👍 10👏 4🥰 2 1😁 1